Дзамайы комы Тхъемлованы хъæуы 2014 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ 11
адæймаг цардис, æниу ацы нымæц абон ноджы къаддæр у.
«Дыууæ бинонтæ бавæрдтам ацы хъæу… Фæздæг куы цæуы хæдзарæй, уæд
мын æхсызгон вæййы, зæгъын ам чидæр цæры, зæгъгæ, фæлæ ныр фæззæг у
æмæ ничиуал ис ам». Дзуры нын хъæуы цæрæг Екъаладзе Лиа.
Екъаладзе Лиа Ткемлованы хъæуы йæ цардæмбалимæ иумæ 30 азы размæ
æрцард. Ай уыцы рæстæг у, Тхъемлована адæмæй куы сафтид. Ам
сæйрагæй цардысты этникон ирæттæ. Этникон конфликты рæстæджы,
ирæттæ ныууагътой комбæстæ.
Екъаладзе Лиа æмæ йæ цардæмбалæн Тхъемлованы цæрын сæ сыхаг
Кортиаты Мурад банхъардта. Кортиаты Мурад Тхъемлованы райгуырд, уый
фæстæ Гуры райдыдта цæрын.
Мурад нæ ацыд Гуырдзыстонæй. Хъаугъа куы æрсабыр, уæд аскъуыддзаг
кодта æрыздæхын Тхъемлованмæ. Мурад йæ гуйраг сыхæгтæн - Лиа æмæ йæ
цардæмбалæн бафæдзæхста Ткемлованайы цæрын. Бæстæйы уæззау цардмæ
гæсгæ уыдонæн хъæуы æнцондæр уыдаид цæрын.
Афтæ систы Екъаладзетæ æмæ Кортиатæ сыхæйгтæй Тхъемлованы. Гуры дæр
сыхæгтæ уыдысты.
Екъаладзе Лиа нын дзуры, цæмæй 30 азы дæргъы ацы дыууæ бинонтæ кæй
цардысты хицæнæй Тхъемлованы. Фæндаг нæ уыд, рухс дæр нæ уыд...
Цæгат Ирыстонмæ алидзгæ бинонтæй хæдзар балхæдтой.
«Зæгъæн ис æмæ дзурын сахуыр кодтон фосы æмæ цæрæгойты ... мемæ
дзурæг мын ничи уыдис», - зæгъы Лиа. «Кæд исчи аргъуанмæ
æрбацыдаид, уæд иу уымæ фæдзырдтон æмæ иу йемæ аныхæстæ кодтон.
Афтæ арвыстам уыйбæрц азтæ».
1996 азæй фæстæмæ комы фæзындысты дины кусджытæ. Æппæты фыццаг
уыдысты цъус. Æдзæрæг хæдзæрттæй пайда кодтой фынæйкæнынæн.
Ныртæккæ зæгъæн ис, æмæ комы цы аргъуантæ ис, уыдон иууылдæр сты
активон æмæ сын сæ алыварс сарæзтой чысыл хæдзæрттæ. Фæндаг дæр
сарæзтой. Адæмы æрбацыд æмæ ацыд сног ис.
Йæ цардæмбалы мæлæты фæстæ, Екъаладзе Лиа йæ хæдзары иунæгæй баззад
æмæ æппæт уæвæг проблемæтимæ иумæ ма йæ иунæгдзинадимæ дæр тох
кæнын хъæуы.
Хъæу адæмæй ахицæнæй дарддæр ма удхар кæны æнæ рухсæй æмæ æнæ донæй
дæр. Кæд донæн хъæугæ инфраструктурæ ис, уæддæр цæрджытæн зын у
уæвæг суадæтты сæ цæрæн бынæттæм баиу кæнын.
«Хæхбæсты нæм тынг хæрзад дон ис... дон нын бæргæ сарæзтой, фæлæ йæ
мæнæн хæдзармæ рауадзын мæ бон нæу», - зæгъы Екъаладзе Лиа. Дон
æрæмбырд кæныны тыххæй йæ бахъæуы цæуын йæ хъæбулы хъæбулы арæзт
хæтæлы цурмæ, цыранæй уазал дон цæуы.
Ахæм уавæр ис электроэнергийы тыххæй дæр. Хицауад хъæуы цæрджытæн
сæвæрдта хуры батарейтæ, фæлæ ацы энергийы равзæрæн стабилонæй нæ
ифтонг кæны цæрджыты электроэнергийæ.
Зæгъæм афæдзы къаддæр хурджын бынæтты (фæззæг, зымæг), кæнæ
дæргъвæтин æвзæр боныхъæды рæстæджы, цæрджытæ баззайынц æнæ рухсæй.
«Баззадыстæм 20-æм æнусы, тыхфæлгъуыд стæм лампæтæ сæвæрæм, æниу
фæтæгены ссарæн дæр нал ис, цæмæй ныккæнæм лампæты æмæ нын рухс уа,
уæддæр», - хъаст кæны Екъаладзе Лиа, æмæ æнхъæлмæ кæсы, цæмæй миты
æруарды фæстæ, хæдзарæй рахизын дæр нал уыдзæн амалдзинад. «Цы
бакæнæм? Нæ уыдзæн рухс, нæ кусдзæн телевизор, ахицæн уыдзæн
интернет дæр».
Зымæджы уазæлттæй сæхи бахизынæн сын суг дæр æрдзон бæллæхты фæрцы
уыдис «хъæды мит куы нæ æруарыдаид æмæ тыхдымгæ куы нæ уыдаид, уæд
сын суг дæр нæ уыдаид... æрластам æмæ сæ лыг кæнæм æмæ судзæм».
Цардуагон ресурсты къаддæрдзинадмæ гæсгæ, раздæры быдыртæ æмæ
хизæнтæ схъæд сты æмæ нын уæлæмхас проблемæтæ кæнынц ам баззайæг
цæрджытæн «æвæццæгæн мах дæр нал дардзыстæм фос æмæ уыдзыстæм
курорты, дачæйы...», - худгæйæ нын дзуры Екъаладзе Лиа.
Екъаладзе Лиайы æмæ Тхъемлованы хъæуы уæззау уавæры тыххæй фылдæр,
базондзыстут мах бацæттæгонд видео-сюжеты.
სტატიის გამოყენების პირობები