Ног хабæрттæ
Мит Гъврицъхъалийы
Триалеты хохы рагъыл уæвæг хъæу Гъвриацъхъали Хашурмæ 12 км дæрддзæф у. Кæд горæтмæ хæстæг у, уæддæр хъæу, зæгъæн ис, æмæ æдзæрæг у æмæ дзы цæры æрмæстдæр 3 иудадзыг цæрæг.

Хъæумæ куыддæр бахызтыстæм афтæ бафиппайдтам, сабитæ митыл куыд бырыдысты дзоныгътыл. Куыд рабæрæг, афтæмæй уазджытæ Хашурæй дзоныгътыл бырынмæ ссыдысты. Уыдоны хъæлæба цæрджытæй афтид Гъвриацъхъали раудгас кодта.

«Æз дæн Тедеты Лукъа, 11 аздзыд æмæ Хашуры цæрын. Мæ фыд мæ ракодта дзоныгъæй бырынмæ. Ам хорз бырæн ис».

«Дзоныгъ нын ног æлхæд у. Хæдзары кæрты бырыдыстæм дзоныгъыл. Гиорги нæ федта æмæ нын загъта, цæмæй нæ ардæм скодтаид бырынмæ æмæ мах дæр рацыдыстæм».



Цырд ныхас кæнынц сабитæ æмæ митыл хъазынмæ атагъд кодтой. Гъвриацъхъалийы алыварс ноджы цалдæр хъæуы ис. Хъыгагæн сæ фылдæр æдзæрæг у, цæрæг дзы нал баззад.

«Æз мæхæдæг Алцъхъаройаг дæн. Мæ фыд æмæ мæ фыдыфыд уырдыгæй сты рацæугæ. Мæнæ ацы рдыгæй цы хъæуты уынут, уыдон сты: Гъарта, Сартхъела, Алцъхъаро, Халеби, Гъандзлеби æмæ уыцырдыгæй та, Гъуда æмæ Наруджеби ис. Адонæй æрмæст 3 хъæуы: Халебы, Гъартайы æмæ Гъвриацъхъалийы цæрынц», - зæгъы Гиорги æмæ тыхсы, зæгъгæ Алцъхъаромæ чысыл машинæйыл кæй нессæудзæн. Æмæ уый тыххæй скодта сабиты Гъврицъхъалимæ бырынмæ.



Иунæджы мæт

– Хъæуы ницы ис. Ам ничи ис. Æрмæст иу лæппу, уый мад æмæ æз стæм. Ардæм сæрды дæр не ссæуынц. Уыдис дзы иу ус æмæ уый дæр ацыд. Фос аскъæрдта æмæ ацыдис фаллаг фарсмæ... Фыдæбон кæнæм ам... Хъæуы нын дон ма хъуамæ уа? Мæ уæрджытæ мæ коммæ нал кæсынц, бæрзонд асинтыл хизгæйæ дæр. Мæнæн ис фырттæ æмæ сын ис сæхи бинонтæ Хашуры æмæ Тбилисы. Æрбацæуынц, хæринаг мын хæссынц, бабæрæг мæ кæнынц, стæй ацæуынц. Хъæу афтæ у. Мæ лæппу дзырдта, цæуылнæ дам, хъуамæ уа ам дон? Ам хъæуы ничи ис, ничи... Мæхиуæттæ æрбацæуынц, баузæлынц мыл æмæ стæй аздæхынц фæстæмæ... Æнæуи Халебы хъæуы райгуырдтæн æмæ схъомыл дæн, ардæм смой кодтон æмæ ам ныр иунæг дæн. Мæ цардæмбал фæзиан æмæ цæрын иунæгæй. Ныртæккæ бынтон иунæг нæ дæн, æрбацæуынц мæ фырттæ, фæлæ уæддæр мæхи æнкъарын иунæгæй», - æмбарын нын кæны Гъвриацъхъалийы цæрæг Гасишвили Аграфина æмæ нын уынын кæны афтид хæдзæрттæ, цыран ныр азты дæргъы ничиуал цæры. 

Print

სტატიის გამოყენების პირობები