2008 азы хæсты хъуыддагыл Страсбургы тæрхондон йæхи тæрхон расидти
æмæ банымадта, цæмæй Уæрæсе хæсты рæстæджы гуырдзиæгты этникон
сыгъдæгкæнынад кæй сæххæст кодта.
Ай фæдыл информацийы Гуырдзыстоны Юстицийы министрад, фейсбукы
официалон веб-фарсыл рапарахат кодта.
"2008 азы хæсты хъуыддаджы тыххæй Страсбургы тæрхондон йæ тæрхон
фехъусын кодта. Адæймаджы барты Европæйаг тæрхондон сразы ис
Гуырдзыстоны домæнимæ, цæмæй Уæрæсе 2008 азы августы хæсты рæстæджы
Адæймаджы барты Европæйаг конвенцийы цалдæр пункты кæй
фехæлдта.
· Тæрхондоны Стыр Палатæйы "рдыгæй ацы бархæлдты банымадæй
бæлвырдгонд цæуы, цæмæй 2008 азы августы хæсты рæстæджы Уæрæсе кæй
сæххæст кодта гуырдзиæгты этникон сыгъдæгкæнынад.
· Страсбургы тæрхондон сразы ис Гуырдзыстоны позицийыл æмæ нымайы
Уæрæсейы бæрндзинад гуырдзиаг æфсæддон уацайрæгты æмæ æмбæстагон
гоймæгты "рдæм сарæзт æфхæрды, æнæадæймагон æмæ джелбетт æгадгæнæг
ахасты тыххæй.
· Страсбургы тæрхондон сразы ис Гуырдзыстоны позицимæ æмæ нымайы
Уæрæсейы бæрндзинад æмбæстагон гоймæгты сæрибардзинад æмæ
æдасдзинады бар фехалыны тыххæй.
· Тæрхондон сразы ис Гуырдзыстоны позициимæ æмæ сбæлвырд кодта
Уæрæсейы бæрндзинад хæсты рæстæджы Гуырдзыстоны æмбæстæгты
марындзинæдты æнæфæдагуырд ауагъды тыххæй æмæ-ма ноджы бирæ æндæр
бархæлды тыххæй.
"Ацы историон уынаффæ æппæтæй нысаниуæгджындæр мæцъис (беркъет) у
Гуырдзыстонæн æхсæнадæмон барадон механизмты спайдагæнгæйæ
конфликтты æрбæстон кæныны æмæ территорион æнæхъæндзинады сæндидзын
кæнынæн" – нысангонд ис Юстицийы министрады хъусинаджы.
Зæгъдзыстæм уын, цæмæй 2008 азы августы Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæсты
фæмард ис Хъахъхъæнынады министрады 170 кусæг, Мидхъуыддæгты
министрады 14 æмкусæг æмæ 224 æмбæстагон гоймаг
Æфтæ-ма конфликты фæстиуæгæн физикон цæфтæ райста 2 232 æфсæддон
æмæ æмбæстагон гоймаг.
Хæстон архæйдтыты æвдисыны рæстæджы 3 журналист фæмард æмæ 6 та
цæфтæ фесты.
Конфликты фæстиуæгæн 130 000 адæймаг тыхфæлгъуыдæй ныууагъта йæ
цæрæн хæдзар. 25 000 абоны онг сты лигъдæттæ.
Конфликты зонæйы бынтон скуынæг, басыгъди æмæ ныппырхи 35 000
хæдзары.
Цхинвалы регионы 125 хъæуы оккупаци æххæст æрцыд.
სტატიის გამოყენების პირობები