5-6-æм апрелы АИШ-ы æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн дипломатон æмахастыты 30
азы юбилейы снысан кæнынæн минæвар Келли Дегнан Шида Картлийы
бабæрæг кодта. Дыууæбонон визиты фæлгæтты фембæлд æндæр æмæ æндæр
организацийы минæвæрттимæ, Гуры тæрхондоны тæрхонгæнджытимæ, кæцытæ
тæрхондоны реформæты хайад исынц.
Бабæрæг кодта АИШ-ы хицауады æххуысæй рауæрæхгонд амалиуæгты,
бабæрæг кодта хъахъхъæнынады Академийы, Сабырады корпусы партнер
æхсæнад «Биликъы», дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс Куешы хъæуы астæуккаг
скъолæйы, Демократийы скъолæйы æмбæстагон активистты,
Нато-Евроцæдисы информацион центры.
Визиты рæстæджы минæвар Qartli.ge-ы редакцимæ æрбацыд æмæ нын
дæргъвæтин интервью дæр радта.
Qartli.ge: нæ ныхас
райдайдзыстæм Украинæйы цаутæй. Уынæм, цæмæй Гуырдзыстоны тынг бирæ
адæймаг рацыди украинаг адæмы фарсхæцынадæн, ауагътой акцитæ,
гуманитарон процессы хайад исы иттæг бирæ организаци, æгæрыстæмæй
скъолæйы ахуырдзаутæ дæр. Æнæгæсгæ ацы æппæтмæ, Гуырдзыстоны
хицауад æмæ премьер-министр загъта, цæмæй уый не сиу уыдзæн
æхсæнадæмон æмбалады ‘рдыгæй æрæвæрд санкцитæм Уæрæсейы ‘рдæм.
Президент Зурабишвили Саломе не сразы ацы позицийыл æмæ банысан
кодта, цæмæй уый ахæм фидиуæны нæ сарæзтаид. Сымах цахæм фидиуæнмæ
æнхъæлмæ кастыстут Гуырдзыстоны хицауадæй?
Келли Дегнан: стыр бузныг ацы фарстайæн, кæй
зæгъын æй хъæуы, иттæг ахсджиаг у. Хъуыды кæнæм æмæ кувæм украинаг
адæмы тыххæй. Кæцыйы ныхмæ Уæрæсе сцырын кодта карз æмæ провокацион
хæст. Ай æвæццæгæн алкæмæй хуыздæр æмбары ацы регионы цæрджытæ,
кæцытæ цалдæр азы размæ, сæхи сæрыл бавзæрстой ацы æппæт цауты.
– Мах райгонд æмæ райгонд стæм Гуырдзыстоны хицауады фидиуæнты
тыххæй, афтæ-ма уый позицийы ИНО-йы, ОБСЕ-йы æмæ æндæр бирæнацион
платформæтыл. Уый тыххæй, æмæ-ма афтæ иттæг нысаниуæгджын у иууон
ныстуаны арвитын Уæрæсемæ, цæмæй неппæт дæр иумæ кæй стæм ай
ныхмæ.
– Президент Зурабишвили Саломе иттæг хорзæй равдыста гуырдзиаг
адæмы ахастдзинад ацы фарстайы ‘рдæм. Афтæ-ма, æхсæнадон
платформæйыл æмæ æцæгæйдæр уыцы æнæпрецедентон æххуыс, кæцы
Гуырдзыстонæй ацыди, уыдаид уый æндæр æмæ æндæр организациты
‘рдыгæй æви сæрмагонд инициативтæй, уыди иттæг тыхджын æмæ
нысаниуæгджын нысан украинæгтæн, уый тыххæй, цæмæй гуырдзиæгтæ
украинаг хоты æмæ æфсымæрты фарсмæ лæууынц æмæ æвдисынц сæ
фарсхæцынады.
– Иттæг нысаниуæгджын у, цæмæй æрцæуа санкциты æмбæлгæ уæвынад, уый
тыххæй, æмæ санкцитæ сты иттæг фидар инструмент, кæцы саразын
кæндзæн Путины, Уæрæсейы, цæмæй æрурома ацы хæст.
– Мах не ппæт дæр хъуамæ баиу уæм ацы санкциты фæсте, цæмæй уый суа
ноджы фидардæр механизм ацы хæсты æруромынæн. Ай алцыппæт махæй
аразгæ у.
Qartli.ge: Украинæйы цауты
тыххæй, ноджы фылдæр ирддæрæй разынд, цæмæй Гуырдзыстоны ис тыхтæ,
кæцытæ архайынц бакъуылымпы кæной Гуырдзыстоны тырнындзинадæн
ныгуырæнырдæм. Сактивон сты проуырыссаг къордтæ æмæ
партитæ. Сымах аргъгондæй, цас уæвы уый тасдзинад,
цæмæй бæстæ нæйы зæгъа ныгуылæйнаг курсыл? Цас тыхджын у хицауад,
цæмæй ацы уæлæндæвдыл фæтых уа? Проныгуылæйнаг оппозици зæгъы,
цæмæй хицауад æнуидæр проуырыссаг у, зæгъгæ. Сымах цы
зæгъдзыстут?
Келли Дегнан:
иттæг бирæ æхсæнадон иртасæн æвдисы, цæмæй гуырдзиаг адæмы фæнды
ныгуылæйнаг интеграци; Евроатлантикон интеграци. Уый алыхаттдæр
æвдыст цæуы ацы иртасæнты. Цæрджыты 80%-ы фæндон у, суа Евроцæдисы
уæнг; 75% йæ фарс хæцы НАТО-йы уæнгдзинадæн. Уæдæ, афтæ, гуырдзиаг
адæмы скъуыддзаг у иттæг бæрæг ацы фарстайы фæдыл.
– Афтæ-ма уыдон хорз æмбарынц уый дæр, цæмæй иттæг бирæ куыст кæй
ис сæххæсткæнинаг уый тыххæй, цæмæй бæстæ сфидар кæна
Евроатлантикон æхсæнады уæнгдзинады иттæг бæрзонд стандарттæ.
– Цы хауы ултрарахизонты змæлдмæ, уымæй, кæй зæгъын æй хъæуы, мах
тыхсæм ай тыххæй. Уымæн æмæ, адон сты уыцы къордтæ, кæцытæ сидынц
тыхмидзинады ‘рдæм; адон сты уыдон, кæцыты фæнды уырыссаг æфсæддон
базæтæ Гуырдзыстоны, кæд æмæ ацы рæстæджы иттæг бирæ уырыссаг
æфсæддон базæ ис Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазийы. Æмæ адон сты уыцы
адæм, кæцы къух аразы дезинформацийы ахæлиу кæнынæн; къух аразы
æхсæнады дихтæ кæнынæн уый тыххæй, цæмæй бахæсса пырхдзинад æмæ кæй
зæгъын æй хъæуы, ай у тынг тæссаг Гуырдзыстонæн.
– Ног хабæрттимæ зонгæйы рæстæджы, уыди ахæм цау дæр, гуырдзиаг
цæрджытæ, иуæй-иу горæты нæ бауагътой уыдонæн офистæ байгом кæнын
уым. Ай иттæг хорз æвдисы адæмы ахастдзинады, цæмæй адæмы кæй
фæнды, цæрой демократон æхсæнады, лæггад кæной уыцы иумæйаг
æргъадтæн, кæцы бындурæн æвæрд у демократон арæзтады, ай у уарзонад
сæрибардзинады ‘рдæм; бинонты ‘рдæм уырнынад; æмæ нæу, æхсæнады
адихтæ кæнынæн. Амæ гæсгæйæ, æхсæнады иудзинад у ахсджиаг.
Qartli.ge: регионты
æмбæстагон активисттæ æмæ медиайы минæвæрттæ, сæхи æдасæй нæ
хатынц, æрмæст разæвзарæнты рæстæджы нæ, фæлæ иумæйагæй, ахæм
периоды дæр, æвзæрстыты период куы нæ вæййы уæддæр. Фыццаг цæфы
растдæр бынæттон журналисттæ райсынц. Цавд цæуы куыд хицауады
минæвæртты ‘рдыгæй, афтæ а.х. консерваторон къордты ‘рдыгæй дæр
(алт инфо æмæ а.д.). Журналисттæ физикон уæвынады тасы бахауынц.
Уыдонмæ амарынæй æртхъирæнтæ кæнынц. Сымахмæ гæсгæ, цы беркет уæвы
ай тыххæй, цæмæй бæстæйы медиайы минæвæрттæн æмæ иумæйагæй
æмбæстагон æхсæнады минæвæртты æдасдзинады æнкъарынад
сырæза.
Келли Дегнан:
медиайы минæвæрттæн хъуамæ лæвæрд æрцæуа амалдзинад, цæмæй æдасæй
сæххæст кæной сæ хæслæвæрд, сæххæст кæной сæ куыст æмæ кæй зæгъын
æй хъæуы, уый ифтонгадæн дзуапдæттæг у паддзахад. Хицауад хъуамæ
сифтонг кæна уыдонæн æдасдзинад; медиайы сæрибардзинад у
Конституцийæ гарантигонд барад. Кæй зæгъын æй хъæуы, журналисттæ
дæр бæрндзинадæй хъуамæ æххæст кæной сæ куыстады æмæ бадæттой дырыс
информаци цæрджытæн, цæмæй уыдонæн сæ бон уа информацигонд
уынаффæйы райсын.
– Уæ сыхаг бæстæйы Уæрæсейы дæнцæгыл уын зæгъдзынæн цы цæуы уый,
кæд бæстæйы нæ уæвы сæрибар медиа, уæд цæрджытæн сæ бон нæу райсой
информаци. Уæрæсейы цырджыты фылдæрæн раст цæстæнгас нæй уый
тыххæй, цы цæуы æцæгæйдæр Украинæйы. Уымæн æмæ, уыдонæн лæвæрд цæуы
æрмæст дезинформаци. Ай нæу уыцы информаци, кæцыйы уыдон исынц. Амæ
гæсгæйæ, сæрибар медиа, журналистты куыстад иттæг стыр
нысаниуæгджын у бæстæйы райрæзтæн.
Qartli.ge: мах ракой кодтам
æвзарæнты период, кæцы уæлдай агрессивон фонæй хицæнгонд вæййы.
Хицауад сиды, цæмæй æххæст кæны партнер бæстæты минæвæртты
рекомендациты, фæлæ йæ уынæм, æмæ уæддæр иттæг карз аргълæвæрдтæ
арæзт цæуы цæстдарджыты ‘рдыгæй – куыд бынæттон, афтæ æхсæнадон
цæстдарæгон организациты ‘рдыгæй. – Сымах аргъгондæй, куыд уагъд
цæуы Гуырдзыстоны æвзæрстытæ? Кæцы рекомендацитæ зайы æнæркастгонд
æмæ ныртæккæ, цы фарстаты æрбæстон кæныныл кусут
хицауадимæ.
Келли Дегнан:
мах минæварад алыхатт дæр йæ цæст дары æвзæрстытæм. Ныр дæр нын
Батуммæ ис æрвыст цæстдарæг æмæ амæ гæсгæйæ мах зонæм цæугæ
процессты тыххæй, цы цæуы уый.
Хорз-иу вæййы, ОБСЕ-йы цæстдарæгон Миссийы къордтæ куы æрцæуынц
Гуырдзыстонмæ, уымæн æмæ, уыдонæн æвзæрстыты фæстæ, сæ бон у
рекомендациты раттын уый фæдыл, кæцы бакуыста хорз æмæ кæцы – нæ.
Цы хъуамæ рараст уа, цæмæй уый фæстæ æвзæрстытæ ацæуой хуыздæр. Ацы
рекомендациты нæ сæххæст кæнын, уыдон нæ райсын – нысан кæны, æмæ
фесæфт амалдзинад, цæмæй алкæцы æвзæрстытæ уой хуыздæр, раззагмæ
абаргæйæ.
Бæстæ куы вæййы ахæм æвзонг; хæдбардзинад куы райста æдæппæт 32 азы
размæ, бирæ цыдæр уыдзæн фæхуыздæр кæнинаг æвзæрстыты процессы æмæ
ай тыххæй иттæг ахсджиаг у, æмæ Парламент бакуса оппозицион
партитимæ, цæмæй алцыдæр фæхуыздæр кæной æмæ цæрджытæн дæр уыдзæн
фылдæр æууæнкдзинад ацы процессты ‘рдæм.
Qartli.ge: регионалон темтыл
кусæг журналисттæн æппæтæй фылдæр бынæттон темты цæрæг адæймæгтимæ
вæййы æмахастдзинад, цыран адæмимæ ныхæй-ныхмæ æмбæлынц, абтобусы
æрлæууæны цур, дзулы рады, кæнæ зæгъæм тыллæг æфснайыны рæстæджы йæ
цæхæрадоны: ацы рæстæджы иттæг зын вæййы журналистæн кæнæ
æмбæстагон секторы минæварæн уырыссаг наративы хъусын – «Европæ æмæ
нын Америкæ гуырдзиагдзинады исынц». Ацы рæстæджы хъуыды кæныс,
цымæ-та алцыппæт сæрæй райдаинаг у? Чысыл позитивонæй цæмæй фæуæм
нæ ныхас – цæмæн у ахсджиаг бæстæйæн ныгуылæйнаг æхсæнады интеграци
æмæ «нæ» уырыссаг хицауаиуæгад?
Келли Дегнан:
гуырдзиæгтæ хорз зонынц, Уæрæсейы хицауиуæг кæнынад, куыд тырныдта
уыдонæн байстаид се ‘взаг, куыд сын байста чырыстонон аргъуан, куыд
ахсы уыдоны территориты 20%-ы; куыд æххæст кæны уый оккупацийы.
Æмæ, уæдæ Гуырдзыстон тынг хорз зоны, цы нысан кæны Уæрæсейы
хицауиуæг кæнынады бын уæвын.
– Раст уый тыххæй иттæг бирæ гуырдзиаджы фæнды, цæмæй уа ноджы
æввахсдæр Европæмæ, уа Евроцæдисы æххæстбарджын уæнг; раст ай
тыххæй цæрджыты 80%-ы йæ фарс хæцы Евроцæдисы уæнгдзинадæн, 75%-ы
НАТО-йы уæнгдзинадæн.
– Бирæ адæймаг йæ хъæбулты æрвиты фæсарæнтæм, Европæмæ, Америкæмæ
ахуырад райсынæн, уый тыххæй, æмæ уыдон уым ахуыр кæнынц
æргъдзинæдты, кæцы мах не ппæты, мах æмæ сымах, гуырдзиæгты иу
кæны. Æмæ ацы æргъдзинæдтæ сты уарзонад сæрибардзинады,
хæдбардзинады, адæймаджы барты хъахъхъæныны æмæ а.д.
– Бæстæйæ рахызтимæ иумæ нæ бастдзинæдтæ дæр рæзынц, ай уыдзæн,
зæгъæм экономикон æви æндæр ‘рдыгæй, кæй зæгъын æй хъæуы, ай
парахат кæны æмæ рæзы. Зæгъæм, иттæг бирæ туристы цыдис АИШ-æй æмæ
Европæйæ Гуырдзыстонмæ, цæмæй базоной ноджы фылдæр бæстæйы тыххæй;
ныфс мæ ис цæмæй раздæхдзæн уыцы раздæры нысанмæ, кæцы уыди
пандемийы агъоммæ. Ай у иттæг нысаниуæгджын, цæмæй мах неппæт дæр
уæм иугонд.
– Ацы азы 30 азы æххæст кæны Гуырдзыстоны æмæ Америкæйы дипломатон
бастдзинæдты æрфидар кæныны бонæй. 30-æм юбилей сбæрæг кæндзыстæм.
Ацы регонты куы вæййын æмæ куы кæсын, цы арæзт æрцыд иумæйагон
партнерадæй æмæ æмгуысткæнынадæй, уæд ай иттæг тæлмæндзинад
вæййы.
– Мах бирæ æрдæмадæй æмгуыст кодтам. Уыди ай экономикон райрæзт æви
æндæр æмæ æндæр æрдæмад. Абон, зæгъæм, мæнæн уыди фембæлд
тæрхонгæнджытимæ, кæцытæ кусынц иттæг бирæ уый тыххæй, цæмæй
закъоны сæйрагдзинад хъахъхъæд цæуа бæстæйы.
– Уыдон сты иузæрдыг сæ куыстады æххæст кæныны æмæ бирæ æндæр
адæймаг, кæцы фæллой кæны уый тыххæй, цæмæй бæстæ ацæуа нысаниуæгон
ныгуылæйнаг фæндагыл.
– Гуырдзиæгтæ æрдзæй уæддæр тасынц Европæйы ‘рдæм, европæйаг
æргъдзинæдты ‘рдæм, уымæн æмæ, уый ногдзинад нæу Гуырдзыстонæн,
адон сты уыцы æргъдзинæдтæ, кæцы гуырдзиаг культурæйы æмæ традициты
уæвы.
– Ай у хæдбардзинад, сæрибардзинад, уырнынад, фæндондзинад, цæмæй
уыцы алцыппæт бахъахъхъæна. Раст ай у, кæцыйæн аргъ кæнынц
америкæйæгтæ гуырдзиæгты æмæ кæцыйы мах уарзæм гуырдзиæгты.
სტატიის გამოყენების პირობები