რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
«« დეკემბერი 2024 »»
252627282930 1
2 3 4 5 6 7 8
9 10 11 12 13 14 15
16 17 18 19 20 21 22
23 24 25 26 27 28 29
30 31 12345
Ног хабæрттæ
Дихгæнæг хаххмæ ввахс скъолæты педагогтæ НАТО-йы æмæ Евроцæдисы тыххæй арæзт семинарыл уыдзысты
Семинар «НАТО-æвзæрст сабырадон æмæ стабилон рæзтæн» абон райдыдта, цыран Гуры муниципалитетæй, дихгæнæг хаххмæ ввахс хъæуты скъолæтæй 20-ы онг педагог хайад исы.
Семинар Европæйаг æмæ Евроатлантикон структурæты интеграцийы фарстæты паддзахадон министр Долидзе Виктор, паддзахадон министр фидыды æмæ æмбæстагон æмбарады фарстæты Цихелашвили Кетеван, НАТО-йы æмæ Евроцæдисы тыххæй информацион центры директор Болквадзе Нино æмæ НАТО-йы цæдисгæнæг офисы разамонæг Уильям Лахью байгом кодтой. Официалонæй байгом кæныны фæстæ, хайадисджыты æмæ паддзахадон министрты фембæлд дискуссийæ адаргъ.

Педагогтæ иоформаци НАТО-йы историйы, НАТО-Гуырдзыстоны æмгуыстдзинады, сабырадон мисситæ Гуырдзыстоны гæрзифтонг тыхты хайадисты, афтæ ма, НАТО-йы алфæмбылай рапарахтгонд цæстæнгæстæ æмæ реалон фактыты фæдыл, дыууæ боны дæргъы байхъусдзысты.
«Абон иттæг цымыдисон фарстытæм байхъуыстон. Кæй зыдтон, кæй та мæ зонынадмæ бафтыдтон абон. Уырны мæ æмæ сомы бон ноджы цымыдисондæр уыдзæни. Мæнмæ гæсгæ тынг нысаниуæгджын у æмбæстагон ахуырады педагогтæн сæрмагондæй ацы фарстæтыл се мбарынад суæлæмæ кæнын. Мах ахуыр кæнæм дихгæнæг хаххы цур хъæуты цæрæг скъоладзауты, кæцытæ хъуамæ æнæмæнгæй зоной цы нысан кæны НАТО, цы хорздзинад нын æрхæсдзæн Евроцæдисы уæнг суæвындзинад æмæ а.д.», - зæгъы Цъителубанийы скъолæйы педагог Читадзе Майа.

«Абоны бонæй Литвайы минæвары доклад рахицæн кæндзынæн. Уый махимæ уыцы ныхмæдзинæдтыл æрныхас кодта, кæцы уымæн йæ бæстæ НАТО-йы рдæм здæхт фæндагыл бавзæрста. Æмтгæй информацийæ дзаг бон уыдис, НАТО-йы цæдисгæнæг офисы минæвар æмæ гуырдзиаг министртæ фæстаг периоды ацы æрдæмадæй нæ Гуырдзыстоны рæзгæ фæзындты æмæ бæстæйы нырыккон уавæрты фæдыл информацимæ базонгæ кодтой. Ам цыдæриддæр базыдтам æмæ фехъуыстам, уый куыддæриддæр хъæумæ ныццæуæм афтæ нæ ахуырдзаутæн радзурдзыстæм», - зæгъы Мереты скъолæйы педагог Мосахлишвили Наталиа.

Проекты ацы азы хатдзæгон семинар информацион центр Шида Картлийы архайæг æнæхицауадон организаци «Хæлардзинады хид Картлосы» æмгуыстдзинадæй уагъд æрцыд.

«Дихгæнæг хаххмæ ввахс хъæуы педагогтæ дыууæ хатты уæззаудæр ситуацийы цæрынц æмæ кусынц. Абоны фембæлд дæр нысаниуæгджын у уыдонимæ, уымæн æмæ, уыдон Уæрæсейы æндæвдады фоныл ныхас кæнынц НТО-йы æмæ Евроцæдисыл скъоладзаутимæ. Ахуыргæнинæгты æмбарынады сбæрзонд кæнын у гарант æнæаиппæй хъуыдыгæнæг фидæны фæлтæр. Уый тыххæй æмæ НАТО у гарант нæ сабырдзинады æмæ стабилондзинады», - загъта «Картлосы» минæвар Перадзе Лана.

Семинарты цикл НАТО-йы æмæ Евроцæдисы тыххæй информацион центры организацигондæй æмæ НАТО-йы цæдисгæнæг офисы æххуысæй фæндзæм азы уагъд цæуы. Æрвылазон семинары тбилисаг коллегæтимæ иумæ æндæр æмæ æндæр регионы ахуыргæнджытæ дæр хайад исынц. Проекты фæлгæтты 600-мæ ввахс педагог цæттæгонд æрцыд НАТО-Гуырдзыстоны æмгуыстдзинады фарстæты.
Проекты фæлгæтты 20-æм семинар 31-æм октябры фæуыдзæнис.




Print E-mail
FaceBook Twitter

სტატიის გამოყენების პირობები

ამავე კატეგორიაში
Лигъдæтты хъæуæн абон дæр сæрмагонд ном нæй. Кæд
Лигъдæтты хъæуæн абон дæр сæрмагонд ном нæй. Кæд
22:02 / 03.11.2024
Сабибонты мæ фæндыдис рацыдаин хъæбысæйхæцæг, олимпиаг чемпион –
уый йеддæмæ
Сабибонты мæ фæндыдис рацыдаин хъæбысæйхæцæг, олимпиаг чемпион – уый йеддæмæ
01:13 / 21.10.2024
Уцълеу Хашурæй 29 километрмæ
Уцълеу Хашурæй 29 километрмæ "ввахс ис. Хъæуы иудадзыгæй ничи цæры.
00:14 / 30.08.2024
Футболæй хъазын хорз нæ зонæм, стадион дæр нын нæй æмæ æндæр
Футболæй хъазын хорз нæ зонæм, стадион дæр нын нæй æмæ æндæр
00:27 / 30.07.2024
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
19:09 / 21.01.2024
ვიდეორეპორტაჟი
იმის გამო, რომ წინასაარჩევნო პერიოდი იყო. იფიქრეს, საარჩევნოდ ჩავედით სოფელში.
12 წლის გურამ გელაშვილი თავის სოფელზე გვიყვება, სადაც ძალიან ცოტა თანატოლი ჰყავს.

"ტრანსპორტი არ არის, სოფლამდე მოსასვლელი გზა არ იყო და ამის გამო არ დადიოდა

რა სიკეთეებს სთავაზობს ევროკავშირი სტუდენტებს - გორელი ახალგაზრდების გამოცდილება
მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.