რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
«« დეკემბერი 2024 »»
252627282930 1
2 3 4 5 6 7 8
9 10 11 12 13 14 15
16 17 18 19 20 21 22
23 24 25 26 27 28 29
30 31 12345
Ног хабæрттæ
Квешы скъолæйы уæлхæдзар æркалдис – 229 ахуырдзауы дыууæ хъæуыл дихгонд æрцæудзысты
Иу къуыри уыдзæн Гуры муниципалитеты Квешы хъæуы скъолæ æхгæд куы æрцыд. Зæронд бæстыхаймæ гæсгæ, скъолæ аварион уавæры ис æмæ йæ уæлхæдзарæй дон тæдзы.

Дымгæ æмæ къæвдатæн, фæстаг бонты, æртыккаг уæладзыджы цар нал бафæрæзта. Бынæттон цæрæг, Шалва Уканцъхъароели дзуры, зæгъгæ дам, чысыл ма бахъуыд æмæ æфснайæг хæлд æрмæджы бын фæуыдаид.

«Цалдæр азы дæргъы дзырдтам, цæмæй скъолæ пырх кæны. Цалынмæ йæ уæлхæдзар не ркалд, уæдмæ йæм йæ хъус ничи æрдардта. Ныр æрцыдысты цалдæр боны размæ, бабæрджытæ йæ кодтой æмæ загътой, цæмæй дам скъолæ хъуамæ æхгæд æрцæуа», – зæгъы Шалва Уканцъхъароели.

Скъолæйы директор Гуры цæры, йæ хæдивæг та, Гареджвары хъæуы. Хъæуы баззайгæ скъоладзаутæ та, скъолæйы кæрты хъазын дарддæр кæнынц. Кисишвили Гиоргийæн загътой, цæмæй уый иннæ къуырийæ чысыл Гареджвары скъолæмæ цæудзæнис. Кæстæр кълæсты ахуырдзаутæ – Квемо Арцеуы райдайæн скъолæмæ.

Ацы информацийы ахуырады министрады ресурсцентры минæвар Гоглидзе Тамар бæлвырд кæны. Уый ныхасмæ гæсгæ, 229 сывæллонæй 82 ахуырдзау Квемо Арцеуы райдайæн скъолæмæ æрвыст æрцæудзысты. Иннæтæ 147 ахуырдзауы та, Гареджвары скъолæйы адарддæр кæндзысты сæ ахуыр.

«Ахуырдзауты транспортиркæнынады фарстæйы бынæттон муниципалитет æрбæстон кæндзæн. Ахуыры процесс скъоладзаутæн иннæ къуырийæ райдайдзæнис, æрмæст æндæр хъæуты скъолæты. Скъолæйы реабилитацимæ та цы хауы, уымæй абон дæр уыдысты ахуырады министрадæй минæвæрттæ æмæ нын загътой, цæмæй иу къуыримæ тендер расиддзысты», – зæгъы Гоглидзе Тамар.

Зымæджы уавæртæм гæсгæ, æвæццæгæн, скъолæйы реабилитаци фидæн ахуыры азы райдыдмæ адаргъ уыдзæнис. Уæдмæ уал сæдæгай сывæллон хъуамæ цæуа сыхаг хъæуты скъолæмæ. Квешы хъæумæ бацæуæн фæндаг реабилитацигонд у.


Print E-mail
FaceBook Twitter

სტატიის გამოყენების პირობები

ამავე კატეგორიაში
Лигъдæтты хъæуæн абон дæр сæрмагонд ном нæй. Кæд
Лигъдæтты хъæуæн абон дæр сæрмагонд ном нæй. Кæд
22:02 / 03.11.2024
Сабибонты мæ фæндыдис рацыдаин хъæбысæйхæцæг, олимпиаг чемпион –
уый йеддæмæ
Сабибонты мæ фæндыдис рацыдаин хъæбысæйхæцæг, олимпиаг чемпион – уый йеддæмæ
01:13 / 21.10.2024
Уцълеу Хашурæй 29 километрмæ
Уцълеу Хашурæй 29 километрмæ "ввахс ис. Хъæуы иудадзыгæй ничи цæры.
00:14 / 30.08.2024
Футболæй хъазын хорз нæ зонæм, стадион дæр нын нæй æмæ æндæр
Футболæй хъазын хорз нæ зонæм, стадион дæр нын нæй æмæ æндæр
00:27 / 30.07.2024
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
19:09 / 21.01.2024
ვიდეორეპორტაჟი
იმის გამო, რომ წინასაარჩევნო პერიოდი იყო. იფიქრეს, საარჩევნოდ ჩავედით სოფელში.
12 წლის გურამ გელაშვილი თავის სოფელზე გვიყვება, სადაც ძალიან ცოტა თანატოლი ჰყავს.

"ტრანსპორტი არ არის, სოფლამდე მოსასვლელი გზა არ იყო და ამის გამო არ დადიოდა

რა სიკეთეებს სთავაზობს ევროკავშირი სტუდენტებს - გორელი ახალგაზრდების გამოცდილება
მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.