რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
«« დეკემბერი 2024 »»
252627282930 1
2 3 4 5 6 7 8
9 10 11 12 13 14 15
16 17 18 19 20 21 22
23 24 25 26 27 28 29
30 31 12345
Ног хабæрттæ
Дихгæнæг хаххмæ ввахс хъæу Хурвалетмæ Эстонийы президент ныццыдис
Абон Эстонийы президент Керсти Калюлайд Гуырдзыстоны президентимæ, Маргвелашвили Гиоргиимæ æмæ паддзахадон æдасдзинады куыстуаты бæрнон кусджытимæ иумæ, Гуры районы дихгæнæг хаххмæ ввахс хъæу Хурвалеты уыдысты.

Ай фæдыл Шида Картлийы информацион центрæн президенты пресс-куыстуатæй фехъусын кодтой.

Ацы рæстæджы ма, уый, Эстонийы президенты уым уæвæг уавæримæ Евроцæдисы цæстдарæгон миссийы къухдариуæгад дæр базонгæ кодта.

«2-аг ноябры, миссийы архайæг разамындгæнæг Эрик Хогг Эстонийы республикæйы президент, йæ бæрзонддзинад Керсти Калюлайды йæхимæ райста. Фембæлды рæстæджы Эрик Хогг цыбыртæй бамбарын кодта президентæн æмæ Эстонийы делегацийæн Евроцæдисы цæстдарæгон миссийы мандаты, ролы æмæ Гуырдзыстоны сæ архайды тыххæй. Фембæлдыл Эрик Хогг сæрмагондæй банысан кодта миссийы патрулир кæныны нысаниуæгдзинад дыууæ хæдрасидгæ регионы, Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазийы административон арæнтæм ввахс стабилондзинад æмæ æдасдзинады бахъахъхъæнынæн», – нысангонд цæуы миссийы курдиаты.

Паддзахадон æдасдзинады пресс-куыстуаты минæвары бæрæггæнæнмæ гæсгæ, паддзахадон æдасдзинады агентады информацион-аналитикон департаменты директоры хæдивæг, Кемоклидзе Къахабер Эстонийы президент æмæ делегацийы уæнгтæн алы æртхъирæн æмæ тæссагдзинад радзырдта, кæцы дэ-факто Хуссар Ирыстоны дæлбариуæг регионæй цæуы.

«Амæй дарддæр ма, паддзахадон æдасдзинады агентады минæвар президентæн радзырдта уыцы проблемæты фæдыл, кæцытæ бынæттон цæрджытæн æрвылбон сындзджын телгæрæнтæй, æмбæндтæй, æви æндæр аразгæ барертæй конд цæуы», – нысангонд ис курдиаты.

Print E-mail
FaceBook Twitter

სტატიის გამოყენების პირობები

ამავე კატეგორიაში
Лигъдæтты хъæуæн абон дæр сæрмагонд ном нæй. Кæд
Лигъдæтты хъæуæн абон дæр сæрмагонд ном нæй. Кæд
22:02 / 03.11.2024
Сабибонты мæ фæндыдис рацыдаин хъæбысæйхæцæг, олимпиаг чемпион –
уый йеддæмæ
Сабибонты мæ фæндыдис рацыдаин хъæбысæйхæцæг, олимпиаг чемпион – уый йеддæмæ
01:13 / 21.10.2024
Уцълеу Хашурæй 29 километрмæ
Уцълеу Хашурæй 29 километрмæ "ввахс ис. Хъæуы иудадзыгæй ничи цæры.
00:14 / 30.08.2024
Футболæй хъазын хорз нæ зонæм, стадион дæр нын нæй æмæ æндæр
Футболæй хъазын хорз нæ зонæм, стадион дæр нын нæй æмæ æндæр
00:27 / 30.07.2024
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
19:09 / 21.01.2024
ვიდეორეპორტაჟი
იმის გამო, რომ წინასაარჩევნო პერიოდი იყო. იფიქრეს, საარჩევნოდ ჩავედით სოფელში.
12 წლის გურამ გელაშვილი თავის სოფელზე გვიყვება, სადაც ძალიან ცოტა თანატოლი ჰყავს.

"ტრანსპორტი არ არის, სოფლამდე მოსასვლელი გზა არ იყო და ამის გამო არ დადიოდა

რა სიკეთეებს სთავაზობს ევროკავშირი სტუდენტებს - გორელი ახალგაზრდების გამოცდილება
მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.