რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
«« დეკემბერი 2024 »»
252627282930 1
2 3 4 5 6 7 8
9 10 11 12 13 14 15
16 17 18 19 20 21 22
23 24 25 26 27 28 29
30 31 12345
Ног хабæрттæ
Австралиаг æмæ шведаг студенттæ Верхуыты лигъдæтты цæрæнуаты уыдысты
Мальмейы университеты (Швеци) æмæ Флиндерсы университеты (Австрали) профессортæ æмæ студенттæ, абон, лигъдæтты цæрæнуатмæ ныццыдысты. Бынæттон цæрджытимæ сын фембæлды организаци сарæзтой Шида Картлийы æмбæстагон форумы минæвæрттæ.

Форумы райдайыны агъоммæ цæрæнуат бабæрæг кодтой, студентты иу хай та, лигъдон сабитимæ иумæ, мини фæзуатыл къахпуртийæ ахъазыдысты.

Форумы разамындгæнæг, Омиадзе Лалийы курдиатмæ гæсгæйæ, фæсарæйнаг студенттæ æмæ сæ профессортæ бынæттон цæрджытæй фехъусдзысты информаци конфликты фæстиуæгæн лигъдон гоймæгты уавæрты тыххæй.

Лигъдæтты цæрæнуатмæ æрцыдысты, сæйрагæйдæр, Мальмейы университеты æмæ Флиндерсы университеты кавкасиологийы факультеты профессортæ, декантæ æмæ студенттæ. Уыдонимæ иумæ уыдысты Иванэ Джавахишвилийы номыл Тбилисы паддзахадон университеты профессортæ æмæ студенттæ дæр.

«Тбилисы паддзахадон университеты» организацигондæй уагъд цæуы æртæбонон мадзал номарынæн Гуырдзыстоны конфликтон регионты. Мадзал райдыдта 1-аг ноябры æмæ фæцис 3-аг ноябры. Конференцийы хайад истой Мальмейы университеты æмæ Флиндерсы университеты студенттæ æмæ академион персонал. 1-аг ноябры программæмæ гæсгæ уыдис бынæттон экспертты æмæ профессорты докладтæ. Абон уагъд цæуы панель, цыран хайад райста Гуырдзыстоны кусæг æхсæнадæмон организацийы минæвæрттæ. Фæссихорæй фæстæмæ та, лигъдæтты цæрæнуатмæ ацыдысты», - зæгъы æмбæстагон форумы минæвар.



3-аг ноябры уагъд æрцыд симулацион хъазт æмæ хатдзæг конференцийы фæстиуæгтæн. Уазджытæ лигъдон сабитимæ иумæ къахпуртийæ ахъазыдысты.



Мальмейы университеты профессор лигъдæты базонгæ кодта йе ‘мкусджытимæ æмæ студенттимæ, кæцытæ кавкасиологийы факультеты кусынц æмæ ахуыр кæнынц.



Print E-mail
FaceBook Twitter

სტატიის გამოყენების პირობები

ამავე კატეგორიაში
Лигъдæтты хъæуæн абон дæр сæрмагонд ном нæй. Кæд
Лигъдæтты хъæуæн абон дæр сæрмагонд ном нæй. Кæд
22:02 / 03.11.2024
Сабибонты мæ фæндыдис рацыдаин хъæбысæйхæцæг, олимпиаг чемпион –
уый йеддæмæ
Сабибонты мæ фæндыдис рацыдаин хъæбысæйхæцæг, олимпиаг чемпион – уый йеддæмæ
01:13 / 21.10.2024
Уцълеу Хашурæй 29 километрмæ
Уцълеу Хашурæй 29 километрмæ "ввахс ис. Хъæуы иудадзыгæй ничи цæры.
00:14 / 30.08.2024
Футболæй хъазын хорз нæ зонæм, стадион дæр нын нæй æмæ æндæр
Футболæй хъазын хорз нæ зонæм, стадион дæр нын нæй æмæ æндæр
00:27 / 30.07.2024
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
19:09 / 21.01.2024
ვიდეორეპორტაჟი
იმის გამო, რომ წინასაარჩევნო პერიოდი იყო. იფიქრეს, საარჩევნოდ ჩავედით სოფელში.
12 წლის გურამ გელაშვილი თავის სოფელზე გვიყვება, სადაც ძალიან ცოტა თანატოლი ჰყავს.

"ტრანსპორტი არ არის, სოფლამდე მოსასვლელი გზა არ იყო და ამის გამო არ დადიოდა

რა სიკეთეებს სთავაზობს ევროკავშირი სტუდენტებს - გორელი ახალგაზრდების გამოცდილება
მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.