რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
Ног хабæрттæ
Хурвалеты ацæргæты хæдзары 84-аздзыд сылгоймаг ногазы лæвары æнæ æрæййафгæйæ фæзиан
Хурвалеты зæрæдты хæдзары 84-аздзыд Гамхърелидзе Тамар фæзиан. Центрмæ зылды бонæй иу адæймаг фæхъуыдис. 84-аздзыд зæрондæн, ацы къуырийы хъуамæ, специалон гобан æрбаластаиккой.

Ацæргæты хæдзары разамонæг Салиа Людмила зæгъы, цæмæй сылгоймагæн дыккаг хатт уыдис инсульт æмæ амардис. Марды Ныгуылæн Гуырдзыстонмæ аластой.

Хæрз æрæджы, 30-æм ноябры, зæрæдты хæдзары цæрæг зæрæдтæ ногазон бæллицтæ сыфтыл ныффыстой, æмæ сæ уый фæстæ, «Хæдзары» официалон фейсбукы фарсыл рапарахат кодтой:

«Æз дæн Тамар, уатон рынчын, ногазмæ бæллын, цæмæй мын уа специалон гобан», фыста Гамхърелидзе Тамар.
Фыстæджыты рапарахаты фæстæ, æндæр æмæ æндæр организацитæ æмæ хицæн адæймæгтæ зæрæдтæн ногазмæ сæ бæллицтæ сæххæст кæнын аскъуыддзаг кодтой.

«Хъæбултæй мæм йæ хъус ничи дары, ныууагътой мæ … Ногазмæ мæ хъæуы «къæдзлæдзæг» кæнæ къухылæдзæг æмæ хъарм худ», - фыссы 83-аздзыд Миша-дада. «Мæ фырт фæзиан, цæрын Хурвалеты хъæуы зæрæдты хæдзары. Ногазы лæвармæ бæллын хъарм цъындатæм æмæ хъарм худмæ», - ахæм у 89-аздзыд Илуридзе Ардагы бæллицц дæр. Сандро-дада, 81-аздзыд, фыссы: «Ногазы лæвармæ æнхъæлмæ кæсын хъарм хæлаф æмæ хъарм худмæ, астмæйæ рынчын дæн æмæ…», Инга, 87-аздзыд фыссы: «Хъæбултæ мын никуы уыдис. Помадæ, цæсгомы крем æмæ хъарм худмæ бæллын ногазон лæварæн», «Æз дæн Гуло, иунæг адæймаг, æнæхæдзар. Цæрын Хурвалеты хъæуы зæрæдты хæдзары. Ногазон лæвар мын æхсызгон уыдаид хъарм шарф».

Гуры муниципалитеты Хурвалеты хъæуы «Хæдзар æнæ арæнтæй» 2016 азы байгом. Социалон амалиуæг ацæргæтæн мултипрофилон сервис дæтты, цахæм у боны центры лæггаддзинад, хæдзармæ зилыны сервис æмæ темон 24 сахатон лæггаддзинад (балæууæндон).

Банысангонд центр дихгæнæг хаххы цур хъæуты, Хурвалеты, Цъителубанийы, Надарбазевы, афтæ ма Хурвалеты æмæ Шаушвебы лигъдæтты цæрæнуæтты цæрджытæн арæзт æрцыд. Хæдзары къухдариуæггæнæг Абхазийæ лигъдон Салиа Людмила у.

Уый ацы проекты гермайнаг организацийы «Арбаитер-Самаритер-Бундис», хæрзаудæн гуманитарон центр «Абхазийы» æмæ Америкæйы лигъдонты æмæ миграцийы бюройы финансон æххуысæй сæххæст кодта.

Print E-mail
FaceBook Twitter

სტატიის გამოყენების პირობები

ამავე კატეგორიაში
Лигъдæтты хъæуæн абон дæр сæрмагонд ном нæй. Кæд
Лигъдæтты хъæуæн абон дæр сæрмагонд ном нæй. Кæд
22:02 / 03.11.2024
Сабибонты мæ фæндыдис рацыдаин хъæбысæйхæцæг, олимпиаг чемпион –
уый йеддæмæ
Сабибонты мæ фæндыдис рацыдаин хъæбысæйхæцæг, олимпиаг чемпион – уый йеддæмæ
01:13 / 21.10.2024
Уцълеу Хашурæй 29 километрмæ
Уцълеу Хашурæй 29 километрмæ "ввахс ис. Хъæуы иудадзыгæй ничи цæры.
00:14 / 30.08.2024
Футболæй хъазын хорз нæ зонæм, стадион дæр нын нæй æмæ æндæр
Футболæй хъазын хорз нæ зонæм, стадион дæр нын нæй æмæ æндæр
00:27 / 30.07.2024
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
19:09 / 21.01.2024
ვიდეორეპორტაჟი
იმის გამო, რომ წინასაარჩევნო პერიოდი იყო. იფიქრეს, საარჩევნოდ ჩავედით სოფელში.
12 წლის გურამ გელაშვილი თავის სოფელზე გვიყვება, სადაც ძალიან ცოტა თანატოლი ჰყავს.

"ტრანსპორტი არ არის, სოფლამდე მოსასვლელი გზა არ იყო და ამის გამო არ დადიოდა

რა სიკეთეებს სთავაზობს ევროკავშირი სტუდენტებს - გორელი ახალგაზრდების გამოცდილება
მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.