Ног хабæрттæ
Дицаг «Гæнаххъахъхъæнæг» (PHOTO/VIDEO)
83 аздзыд Эдишерашвили Венера Дицы хъæуы оккупацион хаххы цур йæ хъæбулимæ иумæ цæры.

2008 азы хæсты фæстæ йæ зæххы фадыгæн йе рдæг оккупацигонд территорийыл баззад æмæ Уæрæсейы арæнхъахъхъæнджытæ хæдзармæ ввахс сындзджын телгæрæн ауагътой.

Уый йæ цæхæрадоны кæроны хотыхджын æфсæдтонты æрвыл бон уыны. Уырдæм æввахс ис Беруашвилиты мыггаджы уæлмæрд, кæцыйæн оккупацион тыхтæ йæ иу хайы сæмбонд кодтой.

«Хъизæмары арвыстон, мæ цард мæ бон. Стæй мын хæдзары æмæ мæ мойы уæлмæрды æмбонд кодтой, фехъусын кодтон минæварадтæм, хицауадмæ. Уæрæсейы телеуынынад дæр ма уыди ам».

«Путинмæ арвыстон фæдзæхст, мæ фыд æмæ мæ мой Терчы цур æмæ Стъалинградмæ ввахс фæмард сты æмæ йæ цы хъæуы Гуырдзыстонæй æмæ гуырдзиаг адæмæй? Ныр æз дæр арæнхъахъхъæнæг дæн хъæбул æмæ исты хабар куы вæййы уæд æй фехъусын кæнын полицæйæн æмæ журналисттæн», - зæгъы Венера-бебо.

Йæ кармæ гæсгæ Эдишерашвили Венера хæдзарон æмæ хъæууон-хæдзарадон куыстытæ йæ фыртимæ, Беруашвили Ильяимæ иумæ кæны. И сын чысыл хæдзарад. Венера-бебо райсомæй раджы сысты хæдзар æмæ кæрты æрзилыны фæстæ фос æмæ мæргътæм базилы, пецы арт скæны æмæ дзул сфыцы.



Беруашвили Ильяйы ныхасмæ гæсгæ, хæдзарады рæзынады къуылымпы кæны æнæрегистрацигонд зæххытæ, сæрмагондæй, хæдзар, цыран лæууы, уый Ереды хъæумæ хауы. Ереды хъæу та ныртæккæ оккупацигонд у.



Print