Цæугæдон Чъаребула æрвылбон быронæй йедзаг кæны. Ацы хабар,
бынæттон цæрджыты ныхасмæ гæсгæ, 20 азы даргъ кæны. Бырæтты
сæйрагæйдæр Мерет-Къошкъа-Арбо æмæ Гугутъианткъары фæндагыл
калынц.
Темы хæдбар минæвар сакребулойы, Махарашвили Мераб зæгъы, цæмæй
гæнæндзинадмæ гæсгæ, ацы процесс хъуамæ, 2018 азы æххæстгонд
æрцæуа.
Уый ныхасмæ гæсгæ, 5-æм февралы фæндаг саразыны тыххæй, Гуры мер
тендер расиддзæнис. Куыстыты æнтыстджынæй сæххæсты цауы, фæндаг дæр
быронæй сыгъдæггонд æрцæудзæнис.