Ног хабæрттæ
Шиндисы мемориалы рейды фактыл 20 азмæ ‘ввахс кары нæлгоймаг аххосджын кæнынц
Гуры муниципалитеты Шиндисы хъæуы цæрджыты ныхасмæ гæсгæ, гоймаг, кæцыйы 28-æм сентябры хъайтарты мемориалы рейды аххосджын кæнынц, 20-аздзыд у. Уыдоны ныхасмæ гæсгæ, æвзонг нæлгоймаг, сæ сыхаг хъæу Хъелкцеулы цæры æмæ йын ис психикон проблемæтæ.

Ай фæдыл, аргъуаны сауджын хъæуы цæрджытимæ ныхас кодта æмæ сын хъуыддаджы уавæр бамбарын кодта. Фарстæн, цæмæн æмæ цæй тыххæй сарæзта æнгæс факт, полицæйæн йæ дзуапп уыд, цæмæй йæ «афтæ æрфæндыд».

Хъайтарты мемориалыл 28-æм сентябры рейд æххæст æрцыд. Фото социалон хызы сихорафон рапарахат ис. Фотойы авторы информацимæ гæсгæ, æрмæг уыцы рæстæджы систа, мемориалмæ куы æрбацыдысты æмæ мемориалы хъыгаг уавæры куы баййæфтой. Мидхъуыддæгты министрад бæлвырд кæны, цæмæй фыдракæнды саразæг гоймаг идентифициронгонд у.

Шиндисы тох 2008 азы 11-æм августы æрцыд æмæ иуæй-иу уæззау эпизодыл нымад у августы хæсты хроникæйы. Уырыссаг æфсæддон хайимæ æнæмбæрц тохæмбæлды рæстæджы Гуырдзыстоны гæрзифтонг тыхты II фистæгон бригадæйы инжинерон дæлхайады 17 гуырдзиаг æфсæддон фæмард. Адон сты – Ониани Александре, Цъилосани Эмзар, Джишкъариани Вепхвия, Къацадзе Звиад, Беридзе Теймураз, Габуния Илья, Шехълашвили Илья, Джанелидзе Иракли, Къошадзе Къаха, Мелкадзе Леван, Барамия Марлен, Двалишвили Михеил, Порчхидзе Николоз, Зоидзе Роман, Цъуладзе Руслан, Къакъауридзе Феликс æмæ Къупатадзе Шмаги.

Print