а. х. Хуссар Ирыстоны республикæйы генералон прокуроры Цгъойты
Мерабы фæмарды фæдыл, дэ-факто президент Тыбылты Леонид сæрмагонд
уынаффæйы æмбырд ауагъта.
Дэ-факто президенты уагъд æмбырдыл æрныхас кодтой Цхинвалы мидæг
автомобилты æнæуагон змæлды фæдыл.
«Змæлыны уагæвæрдтæ халынц æрмæст хуымæтæг æмбæстæгтæ нæ, фæлæ ма
барад хъахъхъæнджытæ сæхæдæг дæр. Уавæры рараст кæныны фæдыл, æз
æнхъæлмæ кæсын уæ хъуыдыйæдтæм. Нæрайсгæ у, æмæ нæ фæндæгтыл мæлой
не ‘мбæстæгтæ», – загъта Тыбылты Леонид.
Дэ-факто хицауады мидхъуыддæгты министрады бæрнлæг Лавойты Ахсар
Тыбылты Леониды хъæппæрисæн дзуапп ратта.
«Азы райдайæны Уæрæсæйæ æнхъæлмæ кæсæм специалисттæм, цæмæй
ныффидар кæнæм системæ – «Æдас горæт». Ацы системæ уавæры рараст
кæндзæнис» – фæнысан кодта Лавойты Ахсар.
Фембæлдыл Тыбылты Леонид мидхъуыддæгты министрады бæрнлæгтæн
бафæдзæхста уынгты змæлды уагæвæрдтæ фæкарздæр кæнын.
Цгъойты Мерабы, 9-æм январы, Советы уынг æмæ Джиоты Аланы проспекты
цæхгæрыл машинæ скъуырдта. Цхинвалы официалон информацион агентады
«РЕС» - ы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, генпрокурор йæхи сæрмагонд машинæйæ
рахызтис, фæлæ трагеди фæндагыл фæцæйхизгæйæ æрцыд.
Уыцы автомобилы скъæрæг, кæцы Цгъойты Мерабы скъуырдта, Цхинвалы
милици бынатыл йæ æрцахста.
10-æм январы Цгъойты Мерабы мæлæты факты фæдыл дэ-факто Абхазийы
генералон прокуратура сдзуапп кодта æмæ сæ коллегæйы мæлæты фæдыл
мæсæллæйы фыстæг рарвыстой.
Фотойыл: Цгъойты Мераб