Бабуцидзе Джумбер æмæ Човелидзе Мзия 7 азы Хурвалеты лигъдæтты
цæрæнуаты коттеджы цæрынц.
Уæззау социалон уавæрдзинадмæ ма æнæниздзинады проблемæтæ дæр
бафтыд, кæцы бинонты уæнгтæй алкæй дæр тыхсын кæны.
Човелидзе Мзияйы зæронд мад инсултæй рынчын у. Йæ зæронд фыд та
цæстæй хорз нæ уыны.
Бинонтæн иу хъæбул аварийы рæстæджы бабын, 10 аздзыд лæппуйы машинæ
скъуырдта æмæ уым фæмард. Сæ чызг та хæсты фæстæ психосоциалон
реабилитацийы курс цæуы.
«Ачабетæй рацыдыстæм. Мæ чызг хæлддзæгты бын фæцис æмæ йæ уырдыгæй
тыххæй фервæзын кодтон. 2008 азы 11-æм августы рацыдыстæм. - дзуры
Човелидзе Мзия.
Чызгæн паддзахад психосоциалон реабилитацийы курсы рацæуынæн æххуыс
кæны. Ацы æххуысы æдде ма, медикаментты хицæн хай бинонтæ сæрмагонд
бюджетæй æлхæны.
Бабуцидзе Джумбер хæдзары æфсинæн æрвылбон æххуыс кæны нуазыны дон
æрбахæссынæн. Зымæгон уавæрты хæлд æмæ салд трубæтæм гæсгæ крантты
дон нæ цæуы. Уымæ гæсгæ, уаргъ Бабуцидзе Джумберыл æрæнцад.
«Мæ каис (усы мад) дæр рынчын у. Йæ цæстыл операци æртæ хатты
скодта, фæлæ уæддæр рæстмæ нæ уыны», - зæгъы Бабуцидзе Джумбер.
Уыдоны ныхасмæ гæсгæ, ацы алцыппæтмæ ма уый дæр æфтыд цæуы, æмæ
коттеджы къултæ уымæл кæй сты.