Ног хабæрттæ
Хæлд астæрдты цалцæг кæнын лигъдæтты цæрæнуæтты уалдзæгæй райдайдзысты
Гуры районы Хурвалеты хъæумæ æввахс территорийыл арæзт коттеджты астæрдтæ фехæлдысты. Цалдæр хæдзары дзы нытыдтой.

Шида Картлийы информацион центры журналисттæ уавæры сбæрæг кæнынæн бынатмæ ныццыдысты. Разынд афтæ, æмæ цæрджыты фылдæр хайы ацы проблемæ кæй тыхсын кæны.

Алкæмæй уæззаудæр уавæры Шошиташвили Эмзары бинотæ разындысты, кæцыйы хъæбул ист нывты социалон хыз Фейсбукы информацион-коммуникацион платформæйы къорды рапарахат кодта.

Къорд тыхфæлгъуыдæй рарвитгæ гоймæгтæ сылгоймæгты ассоциаци «Танхмоба»-йы уæнгтæ сарæзтой.

Шошиташвилитæн баныфс æвæрдтой, цæмæй астæрдты раивыны процесс 2016 азы уалдзæгæй райдайдзысты. Цалдæр хæдзарæн дзы ныридæгæн ивд æрцыд йæ астæрд.

Астæрд хæлд у Ачабетæй лигъдон Бабуцидзе Джумберы коттеджы дæр. Ацы хъæуæй лигъдон Хадури Зейнабы бинонты уæнгтæ та уæттæм арæхстгай бахизынц, уый тыххæй æмæ астæрдæн ныттонынæй тæрсынц.

Бынæттонтæ дзурынц, цæмæй астæрдты хæлд азты дæргъы кæй даргъ кæны. Паддзахадон программæйæ, 7 азы дæргъы, цалдæр хатты цалдæр бинонтæн ивд æрцыд.

Йæ мæр цъыфдзаст бынаты арæзт у. Къæвдаджын периоды дон мæрæй фундаментмæ ахъары.

Print