Дихгæнæг хаххмæ æввахс хъæу Ахашены дыууæ азы дæргъы фæндаджы
проблемæ не ‘рбæстон ис.
Ай фæдыл фехъусын кодта Шида Картлийы информацион центрæн бынæттон
цæрджытæ.
Qartli.ge-йы видео архивы 2013 азы ист æрмæг æфснайд ис, цыран
дихгæнæг хаххмæ æввахс уæвæг хъæуты рæзынады нысанæй арæзт
хицауадон къамисы уæнгты визит цæуы æвдыстгонд.
Къамисы сæрдар, паддзахадон министр фидыды æмæ реинтеграцийы
фарстаты Закареишвили Паата бынæттон цæрджытæн баныфс æвæрдта,
цæмæй фæндаг тагъд рæстæджы арæзт кæй æрцæудзæнис.
Фæлæ, нырма дæр, бацæуæн фæндаг арæзт не ‘рцыд.
Фæнысан хъæуы уый, æмæ министры дзырд лæвæрд æрдзон газы æмæ нуазæн
доны ифтонгдзинады ‘рдыгæй, æххæстгонд æрцыд.
Æдзæттæ фæндаг та проблемæ зынын кæны, уæлдайдæр та, зымæджы
периоды.
Цалдæр боны размæ тагъд æххуысы машинæ бынатмæ нæ бахæццæ ис.