Ренейы хъæуы стыр мит æруард, нуазæн доны бадæттыны æмæ транспорты
змæлды проблемæтæ скодта.
Уавæримæ Шида Картлийы информацион центры журналисттæ бынаты
базонгæ сты.
«Чи æвзæр у, Къаспмæ хъуамæ акæна йæ хъæбулы, рынчын у, йæ бон нæу
цæуын. Тагъд æххуыс дæр айонг нæ цæуы», – зæгъы бынæттон цæрæг
Илуридзе Хвтисо.
Ренейы цæрæг Меладзе Мзия зæгъы, цæмæй ацы азы зымæджы фæндаг
фыццаг хатт кæй сæхгæдта. Ай 2016 азы 26-æм январы æрцыд.
Хохы фахсыл цæрæг хъæутæм дзулласæн машинæ дæр нал сфæрæзта
схизын.
«Ай фыццаг цау у ацы зымæджы, æмæ афтæ фæндаг сæхгæдта. Дзулласæн
машинæ бынæй æрлæууыд æмæ уырдыгæй схастам. Фæндаг дæр хафт нæу.
Знон мын сыхаг лæппу загъта, цæмæй, иннæ хъæуы Чобалауры фæндаг
асыгъдæг кодтой æмæ ам та нæ», – зæгъы Меладзе Мзия.
Муниципалитеты сæргълæууæджы минæвар Къодицъхъаройы темы Илуридзе
Гия бæлвырд кæны, цæмæй 26-æм январы трактор 5 сахаты фæкуыста.
«Трактор кусын 11 сахатыл райдыдта æмæ 4 сахатмæ бакуыста. Цы
фæндæгтæ уыд, уыдон иуылдæр сыгъдæггонд æрцыдысты». – загъта
Илуридзе Гия.
Ренейы хъæуы доны кран дæр ныссалдис. Уымæ гæсгæйæ, хъæуы нуазыны
доны хъуагдзинад фæзынд.
«Ацы афтæ хонгæ крантæ сæлынц. Цæмæндæр уыцы стандартты аккаг не
сты, цæмæй арæзт æрцыдысты. Æгас зымæджы ахæм ихуазалтæ куы уа, æнæ
донæй баззайдзыстæм», – зæгъы Илуридзе Лия.
«Хъæумæ трубæтæй ацы сæрды райыд дон. Сæрæй хæрзцъус акуыста, стæй
мотортæ басыгъдысты. Дыууæ мæйы бахъуыдысты моторты сцалцæг
кæнынæн. Цалдæр мæйы нæ бахъуыд æнхъæлмæ кæсын. Ацы мотортæ нырма
дыууæ мæйы сты, куы сæ сцалцæг кодтой. Ацы дыууæ мæйы дæргъы та дон
цыппар хатты рацыди», – дзуры Илуридзе Хвтисо.
Къаспы муниципалитеты сæргълæууæджы минæвар Илуридзе Гия зæгъы,
цæмæй фыццаг уый, æмæ доны трубатæ ныих сты, дыккаг, салд трубæты
цæрджыты иу хай æфсæйнаг ломтæй цъæл кæны æмæ халы.
Гæсады минæвары ныфс ис, цæмæй ахæм æвзæр боныгъæд бирæ нæ ахæсдзæн
æмæ тагъд рæстæджы дон кæй уыдзæн.
Нуазын доны масштабон проект Ренейы хъæуы ацы азы сæххæстис.
Æнæхъæнæй Къодайы темы 52 краны арæзт æрцыд. Цæрджытæ хынцæгмæ
гæсгæйæ хардз кæнынц нуазыны доны.