Ног хабæрттæ
Æвзæр боныхъæдмæ гæсгæ Ларсыл фæндаг æхгæд у
Цæгат Ирыстоны сæйраг горæт Владикавказæй Ларсы уадзæг пункты онг уæззау уаргъджын автомашинæтæн змæлд æхгæд у.

Уый фæдыл информаци уырыссаг æвзагон рауагъд «Кавказаг узел» парахат кæны.

Информацион агентады бæрæггæнæнæй, змæлды арæнгонды æвзæр боныхъæд расайдта.

Фæндаг æхгæнын райдыдта 6-æм февралы, 2016 азы, изæрæй, уымæн æмæ æмбæлон уагдæттæ машинæты æдасæй ахызтыл бæрндзинад сæхимæ нæ райстой

Ацы мæйы, аналогион арæнгонд æрцыд, 2-æм февралы.

 

Print