2016 азæй дэ-факто Хуссар Ирыстоны контролгонд Ахалгоры районы ног
арæнтæ скодтой. Уый та æввахс хæстæджыты кæрæдзийæ адарддæр кæныны
ноджы иу аххос сси.
Статья уый фæдыл веб-портал «Эхо Кавказ» ахæм сæргондимæ «Ма дæр
мæлгæ акæн æмæ ма дæр чындзæхсæв скæн» парахат кæны.
Ахалгоры бынæттон цæрæг Меарахъишвили Тамар «Эхо Кавказы»
журналистæн дзуры, цæмæй Ахалгоры территорийыл Гуырдзыстоны
æмбæстæгтæн, æрмæст дæр мардæвæрæн боны уыд бацæуыны бар, уый дæр
хъуамæ уыдаид цалдæр сахаты.
«Зианы хицæуттæ хъуамæ скодтаиккой 10 адæймаджы номхыгъд,
мардæвæрæн бонмæ чи хъуамæ æрцыдаид. Ацы номхыгъд цалдæр инстанци
хъуамæ æрзылдаид. Уый нырма хъæуы хицау хъуамæ федтаид, уый фæстæ
йæ бынæттон æдасдзинады камитетмæ хъуамæ арвыстаиккой», - зæгъы
Меарахъишвили Тамар.
Ныртæккæ, æрмæст дæр, уыцы адæймæгтæ бацæудзысты Ахалгоры
территоримæ, кæцы нымад цæуы уым бынæттон цæрæгыл.