Ног хабæрттæ
Цхинвалы горæтон афтекы хостæ лæвæрд цæудзæн æнæфидгæ
3-азмæ сывæллæттæн æмæ 18-азмæ хъомылгæнинæгтæн, кæцытæ хроникон низтæй сты рынчын, Цхинвалы горæтон афтекæй лæвæрд цæудзæн уыдонæн хостæ æнæфидгæйæ.

Ай фæдыл информаци агентад «Спутник» парахат кæны.

Информацимæ гæсгæйæ, ацы программæйы тыххæй цæрджытæ информацигонд нæ уыдысты. Ивгъуыд азы та, дэ-факто хицауады бюджетæй 58 милуан сомы хардзгонд æрцыд.

Æнæфидгæ хосты ранымады дæсгай хосы ном ис.

Уыдон æхсæн, уыцы препараттæ дæр сты, кæцытæ æнæмæнгхъæугæ сты цæрæнбонæн.

Сæрмагондæй, тугдадзинты низæй рынчынтæн, сæкæрнизæй æмæ онкологион рынчынтæн.

Цыдæриддæр хауы вирусы ныхмæ препараттæм, уыдоныл домындзинад, æрмæст дæр, уыцы периоды ис, судзаг низтæ куы стыхджын вæййынц.

Print