Ног хабæрттæ
Цхинвалы дилемма – райсой æви регистраци скæной хæцæн хотыхтæ
Дэ-факто Хуссар Ирыстоны хицауады барадхъахъхъæнæг органты минæвæрттæ, хотыхтæ æнæзакъонæй æвæрыны аххосагæй, цалдæр æмбæстаг æрцахстой.

Параллелонæй, цалдæр хæцæг сæ хотыхтæ хибарвæндæй раттой.

Райсой æви сæ регистраци скæной хæцæн хотыхтæ? Ай фæдыл дискусси дэ-факто Хуссар Ирыстоны активонæй райдыдта.

Тымæйы фæдыл статья информацион агентад «Эхо Кавказы» парахат æрцыд.

Æхсæнадон змæлды «Де ‘взæрст Ирыстон»-ы разамонæг Джусойты Алан æмбарын кæны, цæмæннæ тагъд кæнынц хæцæнгарзы хицæуттæ сæ раттынмæ.

Джусойты Аланмæ афтæ кæсы, æмæ Цхинвалы хицауадæн, хотыхджын тыхты аразыны фæдыл, конкретон æркаст хъуамæ уа.

Сæрмагондæй, скъуыддзаг кæнинаг у фарст резервистты тыххæй.

Дэ-факто Хуссар Ирыстоны нысан кæнынц, цæмæй æфхæрдтытæ æнæбæллиццаг фæстиуджытæ гæнæн ис æмæ æрхæсса.

Print