Гуры муниципалитеты хъæуты, уæлæмхасæй,10 цъайы къахт æрцæудзæни,
ардыгæй 5 дихгæнæг хаххы цур уæвæг хъæутæн лæггад кæндзæн.
Уый тыххæй Гуры муниципалитеты сæргълæууæг, Ониашвили Давит
координацион фембæлдыл загъта.
Дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæуты цæрджыты хъæугæдзинæдтыл кусæг
хицауадон æмæ æнæхицауадон секторы минæвæртты координацион фембæлд
ИНО-йы лигъдæтты уæлдæр æвджиддары регионалон офисы организацийы
арæзт æрцыд.
Фембæлды æркастысты дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæуты уæвæг уавæрмæ,
ныры æмæ сплангонд проектытæм.