2016 азы мартъийы мæйæ, Гуры æмæ Карелы муниципалитетты
территорийыл, телерадиойы мæсыггондмæ ‘ввахс, Гуырдзыстоны дымгæйы
фыццаг электростанцæйы арæзтад райдайдзæн.
Куыстытæ компани «Картлийы дымгæйы электростанцæ» сæххæст
кæндзæн.
Уый Гуырдзыстоны энергетикæйы рæзынады фонды æмæ Гуырдзыстоны нефты
æмæ газы коорпорацийы филиал компани у.
Проекты иумæйаг аргъы 70%-ы Европæйы реконструкцийы æмæ рæзынады
банк, хæсы хуызы, ныффысдзæн, фæлæ иннæ 30%-ы та Гуырдзыстоны
энергетикæйы рæзынады фонд йæхимæ райсдзæн.
Бадзырдмæ гæсгæйæ, банк 24 милуан америкæйаг доллар рахицæн
кæндзæн.
«Ай Кавказы мидæг фыццаг прецедент у. Гур дунейы мидæг, алцæмæй
зæрдæмæдзæугæ бынат у, дымгæйы энергетикæйы цæстæнгасæй», - загъта
Европæйы реконструкцийы æмæ рæзынады банкы регионалон директор
Балванер Бруно.
Куыстыты райдайыны период уыдзæн 2016 азы мартъийы мæйы æмæ
фæуыдзысты 2016 азы сентябры.