Оккупацигонд территорийыл цæрæг гоймæгтæ «Ц - гепатиты» порграммæйæ нæ пайда кæнынц
Адæмон хъахъхъæнæг Нануашвили Уча курдиат балæвæрдта Гуырдзыстоны
премьер министрмæ, цæмæй гоймагон нейтралон æвдисæндары уæвæг
гоймæгтæн «Ц - гепатиты» паддзахадон програмæйæ пайда кæныны бар
лæвæрд æрцæуа.
Адæмон хъахъхъæнæг æмбарын кæны, цæмæй æндæр æнæниздзинад
хъахъхъæныны программæтимæ абаргæйæ «Ц гепатиты» паддзахадон
программæ бирæхатт зынаргъдæр у æмæ фылдæр æдасдзинады нормæты
хъахъхъæнын домы.
Гоймагон нейтралон æвдисæндары документ лæвæрд цæуы паддзахадон
органты ‘рдыгæй, кæцы бæлвырд кæны Гуырдзыстоны хицауады
бæрндзинады ацы документы лæвæрдыл æмæ документы хицауыл.