Пухаты Батыр Цхинвалы хицауады ныххатыр кæныныл «нæ» загъта
А. х. Хуссар Ирыстоны тæрхондон паддзахадыл гадзрахатæй рацæуæг аххосæй ахст Пухаты Игоры амнистийæ ссæрибар кодта æмæ йæ Гуырдзыстоны хицауадмæ адæтта.

Фæлæ иннæ ‘фсымæр, аналогион аххосæй ахст Пухаты Батыр ныххатыр кæныныл нæй зæгъы.

Ай фæдыл информаци «Эхо Кавказ»-ы информацион агентад парахат кæны.

Пухаты Игоры æртæфарсон форматы фæлгæтты, ахæстыты ивды рæстæджы, Гуырдзыстон-Абхазийы арæныл баивтой.

Пухаты Батыры тæрхоны процесс та, æхгæд режимы адарддæр æмæ 15-æм мартъийы уагъд æрцыд.

Пухаты Батыр а. х. Хуссар Ирыстоны парламенты раздæры депутат уыдис.

Пухаты Игоры ссæрибардзинад æнæнхъæлæджы уыд, æрмæст йæ хæстæджытæн нæ, фæлæ ма йæ адвокат Элбакидзе Иринæйæн дæр.
Элбакидзе Иринæ Игоры бинонтимæ куы ныхас кодта æмæ уæд уыдонæй фехъуыста, цæмæй иннæ ‘фсымæр Пухаты Батыр Цхинвалы хицауады ныххатыр кæныныл нæй зæгъы.

«Кæнæ мын стæрхон кæндзыстут закъонмæ гæсгæ, кæнæ мæ ссæрибар кæндзыстут закъонмæ гæсгæ». – Ахæм курдиат сарæзта Пухаты Батыр тæрхоны процессыл.

Бинонты уæнгтæн дæр æнæзонгæ у, æмæ йæ цы нысанмæ гæсгæйæ хъуамæ рауадзой.
«Кæд æй уый тыххæй уадзынц, цæмæй Батыр дыккаг къорды инвалид у, уæд ацы инвалиддзинад уымæн æрцахсты рæстæджы дæр уыд», - зæгъы аххосджын Пухаты Батыры бинойнаг Джиоты Ина.

Пухаты Батыр æмæ Игоры 2015 азы сæрды сæ мады зианы рæстæджы Хуссар Ирыстоны æдасдзинады куыстуаты æмкусджытæ æрцахстой.

Æфсымæртæн уыдон аххосаг фыдыбæстæйыл гадзрахат бавдыстой.

Аххосдзинадмæ гæсгæ æфсымæртæ Гуырдзыстоны территоримæ рахызтысты æмæ йæ фарс рахæцыдысты Хуссар Ирыстоны ‘рдыгæй террористон организацийыл банымайгæ Санакоевы рæстæгмæ администрацийæн.

Ивгъуыд 2015-æм азы февралы мæйы Хуссар Ирыстоны парламенты ‘рдыгæй арæзт æрцыд къамис, кæцы хъуамæ сахуыр кодтаид а. х. Хуссар Ирыстоны рæстæгмæ администрацийы куыст.

Къамис сбæлвырд кодта, цæмæй Санакоевы рæстæгмæ администраци Гуырдзыстонимæ иумæ хайад иста æфсæддон фыдракæнды æмæ, уымæ гæсгæ, уыдон дзуапп хъуамæ раттой.

Хатдзæгы фыст ис, цæмæй структура архайдта агрессоры пайдайæн, кæцы сырæзын кодта уæрæхмасштабон терроры, æрцæуын кодта тыхдзинады æмæ хæсты пропогандæ æмæ кæцыйы нысан уыд Хуссар Иры цæрджыты скуынæг кæнын.

Print