15-æм мартъийы Эргнеты радон фембæлд уагъд æрцæудзæн
Эргнеты хъæуы 15-æм мартъийы инцидентты превенцийы æмæ уыдоныл архайды механизмы фæлгæтты радон 64-æм фембæлд уагъд æрцæудзæн.

Ай фæдыл Шида Картлийы информацион центрæн фехъусын кодта, фидыды æмæ æмбæстагон æмбарады фарстæты паддзахадон министры æхсæнадимæ æмахастыты куыстуаты æмкусæг

Фембæлды хайадисджытæ æркæсдзысты фæстаг фембæлды фæстæ периоды æрцæугæ инциденттæм, адæймаджы барты хæлды фактытæм æмæ бæны фæткмæ гæсгæйæ æндæр фарстытæм дæр.

Афтæ ма, боны фæткы ис, банерты сæвæрын æмæ дихгæнæг хаххыл телтæй æмбонды уæвынады фæстиуæгæй цæрджытæн сырæзгæ проблемæтæ.

Инцидентты превенцийы æмæ уыдоныл архайды механизмы фæлгæтты цæугæ фембæлдтыл гуырдзиаг фарсырдыгæй хайад исдзысты фидыды æмæ æмбæстагон æмбарады фарстæты паддзахадон министры аппарат æмæ паддзахадон æдасдзинады куыстуат .

Радон фембæлдыл Джариашены хъæуы уырыссаг æфсæддонты ‘рдыгæй тракторæй фæндаг къахыны фактмæ дæр æркæсдзысты.


Print