Гуырдзиаг, ирон æмæ абхазаг фæрстæ ахæстытæ баивтой.
Ай фæдыл Шида Картлийы информацион центрæн фидыды министрадæй
фехъусын кодтой.
Пресс-службæйы бæрæггæнæнмæ гæсгæ, дихгæнæг хаххыл ахæстыты
ссæрибаркæнынад æрцыд сабырадон процессы фæлгæтты.
Абхазийы æмæ Хуссар Ирыстоны дэ-факто хицауадимæ баныхасмæ гæсгæйæ,
гуырдзиаг фарсæн лæвæрд æрцыд Абхазийы æмæ Хуссар Ирыстоны
территорийыл фæстаг 6-7 азы дæргъы æнæзакъонæй ахæстоны уæвæг
Гуырдзыстоны 14 æмбæстаг. Сæ бæсты та гуырдзиаг фарс ирон фарсæн 4
ссæрибаргонд гоймаг ратта.
Ахæстыты ссæрибар кæнын Абхазийы æмæ Хуссар Ирыстоны дэ-факто
хицауадимæ комкоммæ бадзырдты æмæ разыдзинады фæстиуæгæй æххæстгонд
æрцыд.
Гуырдзиаг фарсы ‘рдыгæй ссæрибаргонд гоймæгтæ сты: Уалыты Гия
Вилгемы фырт, Зассеты Георги Валерийы фырт, Хъошты Йосеб Адикойы
фырт æмæ Турашвили Борис Зурабы фырт.
Сæ бæсты та, абхазаг æмæ ирон фæрстимæ баныхасгæнгæйæ, абхазаг фарс
ссæрибар кодта: Джгъаркава Омары, Охъуджава Джемикойы, Руруа
Малхазы, Торадзе Зурабы, Хухуа Шалвайы, Цагурия Элдары, Шония
Манучары, Шедания-Асеева Дианæйы æмæ Герлиани Кобайы;
Ирон фарс та ссæрибар кодта: Миделашвили Джемалы, Илуридзе Гелайы,
Григалашвили Теймуразы æмæ Пухаты Игоры.
Гуырдзиаг фасы ‘рдыгæй ссæрибаргонд гоймæгты ‘хсæн уыдон дæр сты,
кæцытæ Гуры æрцæугæ теракты хайадисыны аххосæй уыдысты ахст.
Мидхъуыддæгты министрады рапарахаты пресс-релизмæ гæсгæйæ, Гуры
теракты хайадисыны тыххæй Уалыты Гия, Зассеты Георги æмæ Хъошты
Йосебы æрцахстой.
Теракты рæстæджы фæмард æртæ адæймаджы æмæ 30-мæ ‘ввахс адæймаг
зиан райстой.