Къаспы районы 17 аздзыд лæппу 14 аздзыд чызджы ракурдта
Къаспы районы азербайджанаг хъæутæй сæ иуы 17 аздзыд лæппу 14 аздзыд чызджы ракуырдта.

Ацы факты сбæрæг кæнын адæмон хъахъхъæнæджы аппарат бахæс кодта социалон лæггæдты агентадæн æмæ рухсады министрады районы филиалты минæвæрттæн.

Социалон лæггæдты агентады æмкусæг Геджадзе Кетеван æмбарынгæнæн фыстæг арвыста æнæниздзинад хъахъхъæныны министрадмæ, фæлæ рухсады ресурс-центр та, скъолæйы директоры информацийыл æууæнды.

Социалон лæггæдты агентады нысангонд цæуы, цæмæй скъолайы ахуырдзаутæ 2015 азы октябры счындзæхсæв кодтой. Ацы хъуыддаг зындгонд уыд скъолайы администрацийæн æмæ агентадæн дæр.

Социалон лæггæдты агентады нысан кæнынц, цæмæй ацы хъæуты æвзонг кары æмкъайады цаутæ традицион сты.

«Уый скъолайы директор йæхæдæг дæр фæнысан кодта махимæ ныхасы рæстæджы». – Загъта нын социалон лæггæдты агентады минæвар Геджадзе Кетеван. Йæ ныхасмæ гæсгæ, директоримæ иумæ уыдысты уыцы хæдзары бинонтæм.

Федтой, æмæ лæппуйы бинонтæ фæрæзджын сты, уымæ гæсгæ, нымад æрцыд, цæмæй ног æмкъæйтты бинонтæн зын нæ уыдзæн æмæ сæ сывæллæттæн ахуыр кæнынæн баххуыс кæной.

«Уыцы факт, æмæ æвзонг кары бацардысты, сæхицæн æмæ сæ бинонтæн дæр хуымæтæг хъуыддаг у, уæлдайдæр та, æвзонг кары къайад уыдонæн сæ традицийы ис. Адæмон хъахъхъæнæг социалон лæггæдты агентады æмкусджытæм басидт, цæмæй æххæстæй сбæрæг кодтаиккам ацы цау, мах кæй зæгъын æй хъæуы, уайтагъд райдыдтам уыцы хабары ахуыр кæнын. Бацыдыстæм уыцы бинонтæм хæдзармæ, цыран федтам, æмæ 14 аздзыд чызг чындзы кæдæм ацыд уыцы бинонтæ уыдысты материалонæй иттæг фæрæзджын. Цы уавæрты чызг цæры, абсолютонæй æдас сты уымæн. Мах ‘рдыгæй фыст æрцыд æмбарынгæнæн æмæ йæ абон арвитдзыстæм æнæниздзинады æмæ социалон хъахъхъæды министрадмæ», - зæгъы Геджадзе Кетеван.

Къаспы районы цалдæр азербайджанаг хъæу ис.
Скъолæйы директор дæр азербайджанаг у, кæцы социалон лæггæдты агентады æмкусджытимæ фембæлды рæстæджы фæнысан кодта, цæмæй ацы æнæххæст карджын æвзæнгты æмкъайад сæ хъæуы фыццаг цау нæу.

2016 азы 24-æм февралы Гуырдзыстоны адæмон хъахъхъæнæг Нануашвили Уча 14 аздзыд æвзонг кары чындзыдзыды факты фæдыл æнæэфектон реагирдзинады тыххæй социалон лæггæдты агентадмæ курдиат балæвæрдта, цæмæй ацы хъуыддаджы кæронмæ сбæрæг кæной.

Гуырдзыстоны адæмон хъахъхъæнæджы райсгæ фæстиуджытæ бæрæг кодтой, цæмæй социалон лæггæдты агентады территориалон органо æвзонг кары æмкъайады цауы кæронмæ кæй не сбæрæг кодта.

Адæмон хъахъхъæнæджы тыхстдзинад сайы социалон лæггæдты агентады инициативæйæ æнæххæст карджынты æмæ сæ ныййарджыты къухфыстытæ, кæцытæ бæлвырд кодтой сывæллоны интерестæм æнæхъусдард æмæ ныййарджыты бæрндзинады фарсты æрæвæрын, æнæуи ацы къухфыстытæй социалон лæггæдты агентады территориалон органо проблемæйы нæ уæвынады бæлвырдгæнæй пайда кодта.

Print