Ног хабæрттæ
Ертацъминдайæгтæ туристтæй æфсæрмы кæнынц
Къаспы муниципалитеты Ертацъминдайы хъæумæ æрцæуæг туристтæ нуазыны дон хæдзæртты агурынц.

Ай фæдыл Шида Картлийы информацион центрæн бынæттон цæрджытæ радзырдтой.

Уыдоны ныхасмæ гæсгæйæ, уыцы рæстæг, Ертацъминдайы зæххытæ æрдзон дæттæй дондыппыр сты, фæлæ туристтæ та хæдзари-хæдзар зилынц донагур.

Сулуашвили Нодар, Къаспы муниципалитеты Ертацъминдайы хъæуы бынæттон цæрæг: - «Аргъуаны цур дон ма цæуа, уый гæнæн ис? Сывæллæттæ сæрды куы æрцæуынц, уæд хæдзæрттæм куы дугъ кæнынц, дон дам нын бадарут. Маршруткæтыл æрцæуынц, автобустыл æрцæуынц. Хицау нæ хъæуы хъæуæн. Дон куы нæ цæуа, уæд мыййаг цыртдзæвæн куы нæ у æмæ йæм кæсæм? Ай суадон у, цыран дон хъуамæ цæуа. Кæд нын исты баххуыс кæндзысты, уæд хорз уыдзæн. Ертацъминда иттæг хорз хъæу у, фæлæ дзы нæдæр дохтыр ис æмæ нæдæр медицинон хо, нæдæр дзы магазин ис æгъдауыл. Иу магазин дзы ис уый кæйдæр хæдзары ис арæзт».

Скъолайы ахуырдзау: «Ардыгæй Ахалкалакы онг æртæ километры у, маршруткæ нын лæггад кæны. Хæдзарæй ацы фæзуаты онг резинæ цырыхъхъыты хъуамæ ныццæуæм, цæмæй ма ныцъыф уæм, стæй сæ раивæм æмæ скъоламæ афтæ ацæуæм».
Сулуашвили Нодар: - «Æвæджиау аргъуан нын ис, бирæ адæм æм цæуы, фæлæ дзы дон нæ цæуы. Ай худинаг у».

Цъеретели Къотъе (Къаспы минæвар Ахалкалакы темы): - «Нырма хъуамæ арæзт æрцæуа доны проектон документаци, лæмбынæгæй хъуамæ ахуыр æрцæуа. Комплексон басгæрст æмæ анализ хъуамæ уагъд æрцæуа, цавæр фомæйæ, цавæр принципæй хуыздæр уыдзæн, ацы проекты сæххæст кæнын».

Сулашвили Нодар: - «Донæн трубæтæ хъæуы æмæ нын хицау нæй. Æхцайы фæрæзтæ хъæуы æмæ нæхи хцайæ мыййаг куы нæ сараздзыстæм. Кæд нын ацы мæй исты раттой, уæд æз ацы хъуыддаг мæхимæ исын. Дон хъæды уыйбæрц ис, æмæ æгас хъæуæн фаг у».

Print