Хъæуы
фарсхæцæг программæйы фæлгæтты Атъены, куыстытæ фæуыны фæстæ,
уынгты рухслæвæрды сиу кæнын ферох.
Ай фæдыл Шида Картлийы информацион центрæн Атъены, Цхъаройы сыхæй
фехъусын кодтой.
Документтæм гæсгæ куыд рабæрæг, афтæмæй уынгты рухслæвæрды куыстытæ
2015 азы 25-æм декабрмæ фесты, фæлæ Цхъаройы сыхы дыууæ мæйы дæргъы
уынгтæ талынг сты.
Миханашвили Ека (Атъены бынæттон цæрæг): - «Дыууæ мæйæ фылдæр у,
арæзт куы ‘рцыд рухслæвæрд, фæлæ иугонд не ‘рцыд. Цæвиттон, æндæр
сыхты уыцы бон иугонд æрцыд, фæлæ махмæ абоны онг нæй. Мæнæ мæ
фарсмæ лæууæг чызг кусы правленийы, цал хатты йæ бафæрсæм, йæ
дзуапп вæййы: нæ дам æй зонæм».
Шавшишвили Никъолоз: - «Æгас хъæуы арæзт ис рухслæвæрд. Алы ран дæр
иугонд у, æрмæст ма нæ сых баззад æнæиуæй».
Анесашвили Звиад, Гуры муниципалитеты правленийы куысты хистæр: -
«Телтæ уагъд сты, рухсы цæджындзтæ æвæрд сты. Компани
«Энергоджорджиа хъуамæ сиу кæна телты централон магистралмæ. Куыд
зонын афтæмæй хæрзæввахс рæстæджы иугонд æрцæудзæн».
Майсурадзе Тариел, уагдоны инфраструктурæйы куыстуаты хистæр: -
«Куыстытæ 2015 азы 25-æм декабрмæ фесты. Махæрдыгæй курдиат
«Энергокомпанимæ» æрвыст æрцыд 28-æм январы. Æвæццæгæн, тагъд
иугонд æрцæудзæн рухслæвæрд»