Ног хабæрттæ
Къахт фæндæгтæ æмæ æнæфæуд инфраструктурæ Цъагъвлийы
Дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæу Цъагъвлимæ нуазын дон æмæ æрдзон газы трубæтæ бауагътой.

Къахт фæндæгтæм гæсгæ Хашуры муниципалитеты хъæумæ æвзæр боныхъæды фæндæгтыл цæуын зын у.

Хæххон цæрæнуаты статусы райсты фæстæ бынæттон цæрджыты ныфс ис æмæ инфраструктурон куыстытæ кæй адарддæр кæндзысты.

Цикубадзе Ликъа: - «Фыццаджыдæр нæ фæндаг хъæуы. Афтобус дзы зынтæй цæуы. Нырма сур рæстæг у, фæлæ ацы фæндагыл къæвдайы рæстæджы ахæм цъыф вæййы æмæ йыл машинæ не змæлы. Зымæджы периоды бирæ хатт бынтон æхгæд вæййы».

Къиладзе Тамаз (бынæттон цæрæг): - «Цъыфы мидæг ныгъуылæм. Сарæзтой йæ, доны æмæ газы трубæтæ ныккалдтой æмæ йæ афтæмæй ныууагътой. Афтæ нын дзурынц, зæгъгæ дам фæндæгтыл хуыр ныккалдзыстæм, фæлæ нырма никуыцæй ницы зыны. Зымæг дæр фæци, еныр майы къæвдатæ райдайдзысты æмæ ацы фæндаг афтæмæй баззайдзæнис. Стæй æвзæрстытæ уыдзысты, махмæ ма кæй равдæлдзæнис. Стæм конфликтон зонæйы æмæ фыццаджыдæр мах кой хъуамæ бакæной».

Цабадзе Заира: - «Дон нын рауагътой, газ нын раттой, рухс нын рауагътой, уынджы рухсытæ сарæзтой».

Миндиашвили Манана: - «Ацы бынатмæ дон нæ арæхсы, къухæй кæнæм садзæнтыл дон цæхæрадæтты».

Print