Дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæу Къирбалы цæрæг Пъапъиташвили Ирма
социалон æххуысы снысан кæнын домы.
Ай фæдыл уый Шида Картлийы информацион центры журналисттимæ ныхас
кодта.
Пъапъиташвили Ирмайы бинонтæн æххуыс 2015 азы ноябры мæйы æхгæд
æрцыд æмæ зæгъы, цæмæй йæ, куыд «фермер» афтæ банымадтой.
Бинонтæн æрмæст иу хъуг ис.
Пъапъиташвили Ирма (Къирбалы хъæуы цæрæг): - «Уыцы бон æз æндæр
хъæуы уыдтæн кусынмæ, нартхор тонынмæ уыдтæн. Мæ мой уыди æрмæст
хæдзары. Социалон агентадæй бæрæггæнæг уыдысты. Хæдзары алцыдæр
сфыстой, къуымты фæразил-базил кодтой. Фæстагмæ мын ныффыстой
бæрзонд баллтæ æмæ загътой, цæмæй æз дæн фермер».
«Иуæй-иу хатт иу зæгъын, ацæуон æмæ мæ райгуырæн зæххыл уон, фæлæ
куыд хъуамæ бафæразон æнæ мæ сывæллæттæй, æнæ мæ мойæ, нæ, нæ
бафæраздзынæн. Мæхæдæг æнæуи Цхинвалæй дæн».
«Ацы рудзынгыл æвæрын мæ продукттæ . Ныккæнд дæр ай æмæ алцыппæт
дæр. Ацы къулæн та тæрсын акæлынæй, сымах дæр æй уынут æддæмæ
уæзгонд у æмæ сындæггай хæлы. Иннæ фарсырдыгæй та тæрсын машинæ ма
рбагæпп кæна мидæмæ».