Ног хабæрттæ
Чорчанайы фæндаг «байгом» - цы вæййы æвзæр боныхъæды рæстæджы хъæуы
Хашуры муниципалитеты Чорчанайы хъæуы æвзæр боныхъæды рæстæджы бацæуæн фæндæгтæ сыхгæнынц.

Зæгъæм, зымæджы периоды, æвгъæддон сылгоймаджы акæнынæн уæрдонæй спайда кодтой.

Нива, кæцы 4 километры дæрддзæгыл тагъд медицинон æххуысы машинæйы онг хъуамæ бацыдаит, митæйдзаг цъыфы ныххаудта.

Цалынмæ цъыфæй машинæйы сластой уæрдоны æххуысæй, уæдмæ йæм тагъд æххуысы дохтыртæ иннæ хъæуы æнхъæлмæ кастысты.

«Дохтыртæ афтæ æнхъæлдтой, æмæ йын фæндагыл райгуырд. Хабар базонынмæ нæм телефонæй дæр сæ бон нæ уыди æрбадзурын», - афтæ мысынц зымæджы периоды чорчайнæгтæ».

Бынæттон цæрджытæ зæгъынц, цæмæй фæндæгты сæхгæды рæстæджы, рынчын зæрæдтæн дæр сæ бон ницы вæййы баххуыс кæнын.

Хъæуы мидæг æдæппæт 16 хæдзары цæры.

Иу æуыйас хæдзары бинонтæ та уадзгæ ныккодтой сæ цæрæнуат дихгæнæг хахмæ ‘ввахс.

Шида Картлийы информацион центры журналисттæ сбæрæг кодтой, цæмæй æвзæр боныхъæды рæстæджы чорчайнæгтæн 4 километры фистæгæй ауайын кæй хъæуы.

Print