Ног хабæрттæ
Фос агурын дихгæнæг хаххы цур
Ацы фото æмæ видео Гуырдзыстоны централон каналты журналисттæ æнæнхъæлæджы систой.

Социалон хызы ахæлиу информаци, цæмæй дам джариашенаг ацæргæ æмбæстаг хъуг агуры, фæлæ йæ хъуг æрцагурынæн хыг дары ног арæзт дихгæнæг хахх.

Æцæгæй та медиайы обективмæ бахаугæ сылгоймаг ирон хъæуæй, Уæллаг Арцеуæй у.

Ай æппæтдæр уæд æрцыд, уырыссаг арæнхъахъхъæнджытæ Джариашены æмæ Уæллаг Арцеуы ‘хсæн тракторæй фæндаг куы айгæрстой.

Эргнеты ауадзгæ бадзырдты рæстæджы ирон фарсы минæвар Санахъоты Давит куыд загъта, уымæ гæсгæ, къахт фæндаг барæй ныхмæдзинады хахх æвдисы.

Зынгхуыссынгæнæг хаххы исгæйæ медиайы хъусдардмæ, растдæр, фос агурынмæ рацæуæг æмбæстаг бахаудта.

Иу фарс журналисттæ, иннæ фарс та, Уæллаг арцеуаг зæронд ус лæууыди.

Шида Картлийы информацион центры журналисттæ куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй зæронд ус сæфт фосы агуырдта.

Джариашены хъæу Гуырдзыстоны контролгæнгæ территорийыл ис, фæлæ Уæллаг Арцеу – дэ-факто Хуссар Ирыстоны территорийыл уæвы.

Гуырдзиаг æмæ ирон хъæуты ныртæккæ ацы дихгæнæг хахх арæзт æрцыд.

Джариашенæгтæ зæгъынц, цæмæй ацы дыууæ хъæуы ‘хсæн цы æмахастытæ дарддæр кæнынц, уыдон ацы цауы æрмæст фос фæдыл.

Кæд мæ джариашенæгты фос Уæллаг Арцеуырдæм бахиза, Уæллаг арцеуæгтæ сæ фæстæмæ раздахынц. Афтæ ‘рцæуы фæстæмæ дæр, арцеуæгты фос куы бахизы уыдонырдæм.


Print