Ног хабæрттæ
А.х. Хуссар Ирыстоны бирæсывæллонджын бинонтæн æххуысс кæныны программæмæ æркæсдзысты
А. х. Хуссар Ирыстоны дэ-факто хицауад ног хъæппæрис (инициативæ) сæххæст кæнын план кæны.

Бинонтæ, цыран æртæ кæнæ фылдæр сывæллон райгуырдзæн, финансон æххуыс райсдзæн.

Информацийы ирон агентад «Осинформ» дэ-факто хицауады ныхасмæ гæсгæйæ парахат кæны.

2016 азы фыццаг кварталы æнæзындгонд хицауад бюджеты ивгъуыд азмæ абаргæйæ 18%-æй фæфылдæр кæнын йæ бон баци. Кæцы бирæсывæллонджын бинонтæн баххуыс кæныны фадат дæтты.

Дэ-факто хицауад ныридæгæн сбæлвырд кодта 11 бинонты, кæцытæ райсдзысты æхцайæ фæрæз. Цхинвалы хицауады сæргълæууæг Тускаты Теймуразы ныхасмæ гæсгæйæ, алы бинонтæ дæр, кæцыйæн æртæ кæнæ фылдæр хъæбул ис, 3 000 000 соммæ ‘ввахс райсдзæни.

Ацы хъæппæрисмæ 12-æм апрелы æнæзындгонд хицауады рабадтыл æркæсдзысты.

Тускаев нысан кæны, цæмæй финансон æххуыс а. х. республикæйы демографион рæзтæн къух ратдзæн. Уый ныхасмæ гæсгæйæ, ахæм закъон раздæр дæр уыди, фæлæ финансон æххуыс 4 азы дæргъы иунæг хæдзары бинонтæ дæр нæ райстой.

Print