Ног хабæрттæ
Цхинвалы театр гастролтæм йæхи цæттæ кæны
Цхинвалы Хетæгкаты Къостайы номыл драмон театрæн ног аивадон къухдариуæггæнæг ис.

Дзуццаты Тамерланы театры æмкусджытæн дэ-факто хицауады разамонæджы хæдивæг Пухаты Эрик æмæ культурæйы министр Остаты Мæдинæ базонгæ кодтой.

Информацийы ирон агентад «Осинформ» парахат кæны.

Остаев аивадон къухдариуæггæнæджы æнтыстыты фæдыл раныхас кодта æмæ йын дарддæры æнтыстдзинæдты тыххæй раарфæ кодта.

«Театры хъæуы гастролтæ, куыд а. х. республикæйы масштабæй, афтæ ма, бæстæйы æдде дæр. Тагъд цæттæ уыдзæни театры ног бæстыхайы арæзтад æмæ уын хуыздæр уавæрты кусынæн фадат уыдзæнис» - загъта дэ-факто хицауады культурæйы министр.

Театры артистттæ хицауады минæвæрттæн стыр бузныг загътой ахæм хъусдарды тыххæй.

Print