Орчъосаны цур 24 аздзыд æвзонг лæппуйы уырыссаг арæнхъахъхъæнджытæ æрцахстой
Ирон информацион агентад «Спутник»-ы бæрæггæнæнмæ гæсгæ, а. х. арæныл ахизыны аххосагæй Орчъосаны хъæуы цур 24 аздзыд æвзонг лæппуйы æрцахстой. 

Цхинвалы дэ-факто хицауады мидхъуыддæгты министрады информацимæ гæсгæйæ агентад фыссы, цæмæй ахст у Гуры æмбæстаг.

Гуйраг æвзонг лæппуйæн тæрхон скæндзысты.

Ахст æрцыд 2016 азы 12-æм апрелы.

Агентад «Спутник»-ы бæрæггæнæнмæ гæсгæ, ацы азы, а. х. арæныл ахизыны аххосагæй ай 15 цау у.
«Адонæй алчидæр ахст у Цхинвалы æмæ Ленингоры (Ахалгоры) территорийыл» - зæгъы Цхинвалы милици.

Агентад «Кавказкий узел»- ы бæрæггæнæнмæ гæсгæ, уый размæ та Кирбалы хъæуы Тахъадзе Еройы æрцахстой, кæцы ныртæккæ ссæрибаргонд у, фæлæ февралы мæйы та, Ахмаджы хъæуы цур 1985 азы гуырд гуырдзиаг æмбæстаг уыд ахст.

Print