Цхинвалы территорийыл Гуырдзыстоны æмбæстаг фондз азербайджанаг æрцахстой
Дэ-факто Хуссар Ирыстоны Æдасдзинады куыстуаты æмкусджытæ Гуырдзыстоны æмбæстæгты, 5 этникон азербайджанаг æрцахстой.

Ай фæдыл агентад «Спутник», Цхинвалы Æдасдзинады куыстуаты пресс-службæйы информацимæ гæсгæ парахат кæны.

Æрцахст дэ-факто Хуссар Ирыстоны территорийыл 2016 азы 14-æм апрелы æрцыд, фæлæ куыд бæрæг кæны, Гуырдзыстоны фондз æмбæстаг Цхинвалы контролгонд территоримæ 3 мæйы размæ æрбахызт.

«Ацы къорд, æртæ мæймæ ‘ввахс Арцеуы хъæуы бынæттон цæрæджы æххуысæй, æрбахызт арæныл», - зæгъы Цхинвалы Æдасдзинады куыстуат.

Уыдоны ныхасмæ гæсгæ, 5 æмбæстагæн баххуыс кæныны тыххæй, Уæллаг Арцеуы цæрæг уыдонæй æхца райста.

Цхинвалы тæрхондон 16-æм апрелы фондз æмбæстагæн дæр дэ-факто Хуссар Ирыстоны территорийы ныууадзын кодта, фæлæ, Арцеуы цæрæджы ныхмæ та фæдагуырд дарддæр кæны.

Уæллаг Арцеуы хъæуы Цхинвалы дэ-факто хицауад контрол кæны.


Print