Абон Шида Картлийы регионы цæрæг фермертæ агрофæдзæхсты сноггонд
проектимæ базонгæ сты.
2016 азы арæзт ивддзинæдтæм гæсгæйæ проекты фæлгæтты бенефициарæн
йæ бон у скæна фæдзæхст 5 гектары онг зæххы фадыг, алкæцы фæдзæхсæг
60%-ы бæсты райсдзæни 70%-он æмфинансгонды программæмæ гæсгæйæ алы
културæйыл (зайæгойыл), фæлæ сæнæфсиры бæласыл 40-ы бæсты
50%-ы.
Ацы ивддзинæдтæ хъæуы хæдзарады проектты арæзты агентады
«Агрофæдзæхсты» проекты къухдариуæггæнæг Магърадзе Леван бынæттон
фермертæн Шида Картлийы губернаторы хæдивæг Шавшишвили Амиранимæ
иумæ базонгæ кодта.
Зæххы фадыг реестры регистрацийы ауадзыны цауы кæнæ ныридæгæн уæвæг
кадастовон кодимæ фæдзæхсгæйæ æмфинансдзинад уæвынадæй 10%-ы фылдæр
уыдзæни.
Агрофæдзæхсты программæйы нысан у агросекторы фæдзæхстон базары
рæзынад æмæ хъæууон-хæдзарадон куыстытæн къух саразын.
Программæйы фæлгæтты фермертæн гæнæндзинад лæвæрд цæуы бафæдзæхсой
тыллæг ихæрцыдыл, тыхкъæвдатыл, тыхдымгæйыл, фæззыгон уазалыл.
2014-2015 азты агрофæдзæхсты программæйы фæлгæтты:
• Лæвæрд ис 28,690 полис
• Фæдзæхсты фæзуат у 23,667 гектар
• Æдæппæт фæдзæхстгонд æрцыд 193,343,000 ларийы тыллæг
• Фермерты рдыгæй фæдзæхсты лæггаддзинадæн фидинаг суммæйæ
паддзахад æрцæуын кодта 13,809,000 ларийы субсиди
• 2 азы дæргъы фермертæ 12,434,000 ларийы бæрц зианы аргъ
райстой
Агрофæдзæхсты проекты бюджет куыд ивгъуыд азы, афтæ ацы азы дæр 10
милуан ларийы уыдзæн.
Агро фæдзæхсты паддзахадон проект ацы азы кæронмæ уыдзæнис.
Хъæууон хæдзарады проектты арæзты агентад 2013 азæй æххæст кæны
масштабон проектытæ, кæцытæ здæхт сты даргъæмгъуыдон рæзынадыл æмæ
йæ нысан у ахæм уавæры скæнын, кæцы къух ратдзæн хъæууон хæдзарады
конкурентон хъомысады суæлæмæ кæнынæн, бæрзонд гъæдджын продукцийы
кондады стабилон рæзтæн, продукты æдасы æхсæнадæмон стандарты
æрфидар кæнынæн.