«Ацы уынджы Уæрæсе бомбæтæ æркалдта» – ахæм фыстытæ Гуры уынгты
фæзынд.
Уыдон 2008 азы августы хæсты фæдыл сарæзтой.
Уæрæсейы уæлдæфон тыхтæ Гуры 2008 азы 9 - 10 августы бомбæтæ
æркалдта.
Сармадзаны нæмгуытæ Комбинаты æмæ Верхвыты цæрæнуаты æркалдтой. 11
августы та, Гуры центры касетон бомбæ æрхаудта.
Æртæ хатты дæр куы æркалдтой бомбæтæ, адæм дзы фæмард.
2008 азы 7- 8 августы Гуырдзыстоны хотыхджын тыхтæ æнæнымайгæ
Хуссар Ирыстоны территорийыл Конституцион фæтк æрæвæрын
бафæлвæрдтой.
Дзуаппæн, Уæрæсейы арми Гуырдзыстоны территорийы астæумæ
æрбалæбурдта æмæ æфсæддон базæты ахсын райдыдта.