Ног хабæрттæ
«Сылгомæгтæ сабырад æмæ æдасдзинады» уæнгтæ хæсты фæмардуæвджыты ном æрымысыдысты
Абон, «инвалид-хæстонты æмæ фæмард хæстонты бинонты цæдис» æмæ «Сылгомæгтæ – сабырад æмæ æдасдзинады» змæлд хæсты фæмард хæстонты рухс ном мысæны мадзал сарæзтой.

Дидубейы мемориалæй адæмы цыд 2008 азы августы хæсты фæмард хъайтарты мемориалы онг арæзт æрцыд.

Дзыллæйæн ноджы иу хатт сæ зæрдыл æрлæууын кодтой, цавæр фæстиуæг хæссы хæст æмæ цас ахсджиаг у сабырад æмæ æдасдзинад!

Адæмы цыд уагъд æрцыд проект «Сылгоймæгтæ сабырады æмæ демократийы» фæлгæтты, кæцыйы æххæст кæны «фæмард хæстонты бинонты цæдис» шведаг организаци KTK-йы æххуысæй.

Организацийы минæвар Сабанадзе Нанайы ныхасмæ гæсгæйæ, æстæм хат арæзт æрцыд адæймæгты мысæны мадзал, кæцытæ сæ цард радтой бæстæйы иудзинады фæдыл тохы.

Ацы азы фыццаг цау у, змæлд «Сылгоймæгтæ сабырад æмæ æдасдзинады» уæнгтæ, ав-гус¬ты хæсты фæмардуæвджыты рухс ном мысæн боны æнæ Мебуке Мананайæ æмбæлынц – организацийы бындурæвæрæг. Мебуке Манана цасдæр рæстæджы размæ æнæсхосгæнгæ низæй фæзиан.

«Уыдоны тугкалдæн хъуамæ саргъ кæнæм, æрлæууæм сабырдзинады арæныл æмæ нæ принциптæн сæ фæрсты ма хъуамæ ахизæм, конфликты æрбæстонгæнæн фæндæгтыл хъуамæ ахъуыды кæнæм, раздахæм кæрæдзийæн æууæнкдзинад æмæ сфидар кæнæм уарзондзинад, «цъусгай-цъусгай, алчидæр фæйнæ чысылдур æрывæрдæй», хъуамæ раздахæм æнцойдзинад зæххыл» – банысан кодта Сабанадзе Нана.

Print