Ног хабæрттæ
Премьер-министр Гуры августы хæсты æрымысыд
Гуырдзыстоны премьер-министр Гуры йæ ныхасы рацыд райдыдта августы хæсты фæмардуæвæг хъайтарты рухс ном æрымысгæйæ.

«Мæ сæрæй ныллæг кувын ацы хъайтарты раз, мæ сæрæй ныллæг кувын сымахæй алкæй раз, фыццаджыдæр, мæ фæнды мæ лæггаддзинады уын сбæлвырд кæнон æмæ уын зæгъон – абон Картли æмæ æппæт Гуырдзыстон фæстæмæ йæ къахыл куы лæууы, уый уæ фæразондзинады, уæ сæруæлдайы æмæ райгуырæн бæстæйы иузæрдиондзинады сгуыхтдзинад у», – ахæм ныхæстимæ басидт Гуырдзыстоны премьер-министр Гуры æрæмбырдуæвæг цæрджытæм.

«Хъыгаг у, æмæ гуырдзыйы адæмы 21-æм æнусы кæй бахъуыд фæстæмæ тугкалд сæхи зæххы тыххæй, тох райгуырæн бæстæйы фæдыл æмæ ам дæр Картли ноджы иухатт сæрмагонд сæрмæ райста стыр цæф, ноджы иухатт сæххæст кодта йæ мисси, кæцы уымæн историмæ гæсгæ уыд æрвылхатт. Абон мæ ноджы иу хатт фæнды æрымысын августы хæсты фæмардуæвджыты рухс ном æмæ сын ноджы иухатт стыр цытимæ æрымысæм сæ рухс нæмтæ. Нæ сæрæй ныллæг кувæм се ‘нæмæлгæ удты раз» – загъта Гуырдзыстоны премьер-министр ныхасы рацæугæйæ.

Хицауады сæргълæууæг сабырады ахсджиагдзинадыл æрныхас кодта æмæ банысан кодта, цæмæй хицауады хъусдаринаг у бæстæйы мидæг цахæм фæнды тасдзинады æмæ провокацийы сæрæй аиуварс кæнын æмæ сабырдзинад бахъахъхъæнын.

«Гуырдзиаг бæллицц» политикон тохы куыддæр бацыд, нæ нысан уыди зондджын политикæ ауадзын æмæ бæстæйы сабырдзинады бахъахъхъæнын, цахæм фæнды тасдзинады æмæ провокацийы сæрæй аиуварс кæнын æмæ махæн нæ бон бацис уый сæххæст кæнын, фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, тасдзинад бынтон нæ фæтары, абон дæр стыр проблемæты раз лæууæм æмæ нæ стыр тыхархайд хъæуы, цæмæй бахъахъхъæнæм ацы зынæйссаргæ сабырад. Гуырдзиаг адæмæн нæдæр ивгъуыды æмæ нæдæр фидæны раз нæй бар æмæ райсæм тагъдгомау уынаффæтæ. Мах ма хъуамæ сфæлхатт кæнæм ивгъуыды рæдыдтытæ. Фæлæ, кæй зæгъын хъæуы, никуы сахуыр уыдзыстæм ууыл æмæ нæ территорийы, нæ зæххы оккупацийыл æмæ алы сабырадон хуызæй архайдзыстæм нæ райгуырæн бæстæйы сиукæнынадыл». – Загъта Премьер.

Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, абон парти «Гуырдзиаг бæллицц демокртон Гуырдзыстоны» Шида Картлийы мажоритарон кандидаттимæ базонгæ кæндзæн.


Print