Квирикашвили Георги: «2017 азы лигъдæтты цæрæнуатæй сифтонггæнæн проблемæтæ æнæхъæнæй лыггонд æрцæудзысты»
Гуры уæвыны рæстæджы Квирикашвили Георги лигъдæттæн стыр бузныг
загъта сæ фæразондзинады тыххæй æмæ банысан кодта, цæмæй хицауад
уыдонæн цæрæнуаты уавæрты фæхуыздæр кæныны тыххæй йæ тыхыл нæ
бацауæрддзæн.
«Фæнды мæ раарфæ кæнон лигъдæттæн æмæ сын бузныг зæгъон сæ
фæразондзинады тыххæй. Мах хицауад алцыппæдт дæр аразы, цæмæй сын
хуыздæр царды уавæртæ скæнæм. Мах тынг бирæ бинонтæн ныридæгæн
раттам хæдзæрттæ æмæ абон уыдон хисæрмагонд фатерты цæрынц.
Сплангонд нын ис, 2017 азы æнæхъæнæй æрбæстон кæнæм Шида Картлийы
лигъдæтты цæрæнуæттæй сифтонг кæныны проблемæйы» – загъта хицауады
разамонæг.
Премьер-министр цæрджыты хицауады рдыгæй 4 азы дæргъы сæххæстгонд
нысаниуæг-джын проектты информациимæ базонгæ кодта æмæ банысан
кодта, цæмæй налогон реформæ æмæ амалиуæгдары къухарæзт,
экономикæйыл ориентацицонд ахуырад, цæттæ инфраструктурæ æмæ
хицауиуæггæнæгы эфективон системæ – ай у уый, кæцы абон адæймæгты
царды максималонæй фæивдзæн хуыздæрырдæм.
«Мах хъусдардæй æмæ аудындзинадæй нæ цух кæнæм арæнгæрон хъæуты
дæр, сæххæст кодтам иттæг ахсджиаг проектытæ, кæцытæ, мæ хъуыдымæ
гæсгæйæ, æнæмæнгæй фæрогдæр кодтой адæмы царды уавæрты, кæцытæ
моралонæй дæр æмæ физиконæй дæр цæрынц уæззау уавæрты. Фæнды мæ
уыдонæн раарфæ кæнон фæразондзинад æмæ сын зæгъон, цæмæй паддзахад
уыдон фарсмæ ис» – загъта хицауады сæргълæууæг æмæ бынæттон
цæрджытæн балæвæрдта информаци оккупацион хаххы цур уæвæг хъæуты
сæххæстгонд проектты фæдыл.