2017 азы дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæуты дæр доны проблемæ бæстонгонд
æрцæу¬дзæн-ис.
Уый тыххæй Гуырдзыстоны премьер-министр Квирикашвили Георги загъта
Гуры парти «Гуырдзиаг бæллиццы» регионалон æмбырдыл.
Уый ныхасмæ гæсгæ, 56 хъæуы дæр цæрджытæн уыдзæнис нуазыны дон.
Газификацийы куыстытæ та, алыран дæр фæуд сты.
«Оккупацион хаххы цур уæвæг алы хъæуы дæр, æмæ ахæм 56 хъæуы ис,
ныридæгæн арæзт æрцыд газификаци æмæ абоны бонæн алы хъæу
ифтонггонд у газæй. Афтæ-ма ацы хъæуты иууылдæр æвæрд æрцыд
элеторэнергийы хынцæг. 19 хъæуы арæзт æрцыд донæмбырдгæнæн системæ,
2017 азы кæронмæ та, алы хъæуы дæр уыдзæн дон. 17 хъæуы сарæзтам
ног амулаторийы. мах максималонæй æххуыс кæнæм ацы зонæйы цæрæг
æвзонг фæсивæдæн ахуырад райсыны æмæ финанс кæнæм студенттæн
бакалавриатон æмæ магистрон ахуыры аргъы. Фæнды мæ зæгъын, æмæ
ноджы фылдæр кæй сараздзыстæм уый тыххæй цæмæй фæрогдæр кæнæм
моралон уаргъ ацы хъæуы цæрджытæн». – Загъта ныхасы рахизгæйæ
Гуырдзыстоны премьер-министр.
Премьер-министр 4 азон периодæн аргъгæнгæйæ банысан кодта, цæмæй
налогон реформæ æмæ амалиуæгдары къухарæзт, экономикæйыл
ориентацигонд ахуырад, цæттæ инфрас¬тру¬к¬турæ æмæ хицауиуæгады
эффективон системæ – ай у уый, кæцы абон адæймæгты царды
максималонæй фæивдзæнис хуыздæрырдæм.