Ног хабæрттæ
Къаха Къаладзе Цъерованы цæрæг адæмæн Хундадзе Дмитрийы базонгæ кодта
Цъерованы лигъдæтты цæрæнуаты бынæттон цæрджытæн «Гуырдзиаг бæллицц – демократон Гуырдзыстоны» Мцхетæйы мажоритары депутаты кандидат, Хундадзе Дмитрийы партийы генералон нымæрдар, Къаха Къаладзе базонгæ кодта.

Хундадзе Дмитрийы æвварсхæцынмæ Цъерованмæ ныццыдысты лигъдæтты министр Созар Субари, фракция «Гуырдзиаг бæллицц»-ы сæрдар Георги Волски, парламентон фылдæрады уæнг Закари Куцнашвили, олимпиаг призер Гено Петриашвили æмæ æндæр æхсæнадон гоймæгтæ.

Хундадзе Дмитрийы æвварсхæцынмæ 1000-мæ ввахс бынæттон цæрæг æрбацыдис.

Къаха Къаладзе цæрджытæн цыппар азы дæргъы хицауады рдыгæй ауагъд проектты æмæ фидæны плæнтты фæдыл æрныхас кодта æмæ æвзарджытæн бæллиццы æмæ йæ кандидаты, Хундадзе Дмитрийы æвварс хæцынмæ басидтис.

Хундадзе Дмитрийы парламенты цыппар азы куысты фæдыл загъта Созар Субари, Георги Волски æмæ Закари Куцнашвили дæр.

Критикон уыд Куцнашвили Закарийы рацыд ныхасы, кæцы Хундадзейы опоненты Цезар Чочелы тыххæй æргомæй æрныхас кодта æмæ лигъдæтты тыххæй ивгъуыд азты дæргъы уый æрдыгæй сарæзтгонд хъуыддæгтыл, сæйрагæйдæр, Ахалгоры фесæфты æмæ Мцхетæйы ауæйгонд зæххытыл.

Бынæттон цæрджытæм ныхасæй басидтис Леуахигомы цæрæг Вахтангишвили Гурам дæр, кæцы ахалгойрæгтæн æмæ леуахигоймæгтæн «Гуырдзиаг бæллиццы» æмæ Хундадзе Дмитрийы æвварсхæцынырдæм басидтис.

Кæроны, æвзарæджы раз ныхасы рацыд йæхæдæг мажоритары депутаты кандидат, Хундадзе Дмитри, кæцы ноджы иу хатт æркой кодта 4 азы дæргъы конкретонæй Цъерованы æмæ Цъилканы лигъдæтты цæрæнуæтты саразгæ проектты тыххæй. Афтæ ма, ноджы равдыста фаг даргъ номхыгъд уыцы баныфсæвæрдты, кæцыты фидæны цыппар азы дæргъы сæххæст кæндзæнис.

Дмитри Хундадзе ноджы иу хатт банысан кодта, цæмæй уый сыгъдæгæй рацыдис депутатон период æмæ йæ ныфсæвæрдты 90%-æй фылдæр сæххæст кодта.

Print