Ног хабæрттæ
Австрийы хицауады дипломат Хурвалеты сындзджын телты бабæрæг кодта
Дихгæнæг хаххмæ ввахс Хурвалеты хъæумæ абон Австрийы республикæйы Европæйы, интеграцийы æмæ фæсарæйнаг хъуыддæгты федералон министрады генералон нымæр¬дар Михеил Линхартер ныццыдис.

Европæйаг дипломат оккупацион хахх бабæрæг кодта æмæ Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинады æвварсхæцджытæм Хурвалетæй æрсидтис.

Уый ныхасмæ гæсгæ, ахсджиаг у уавæры бынатыл сахуыр кæнын.

Михеил Линхартер цæттæ у кæрæдзийы ныхмæуæвæг фæрстæн сабырадон бадзырдты баххуыс кæнын.

Австриаг дипломат уæдмæ Тбилисы Австрийы минæварады байгом кæныны уæвыд.

Минæварады байгом кæныны церемонийыл Гуырдзыстоны æддагон хъуыддæгты министры хæдивæг Гиги Гигиадзе уыдис.

Гиги Гигиадзе ныхасы рацæугæйæ раарфæ кодта Австрийы республикæйы хицауадæн Гуырдзыстоны минæварад байгом кæныны фæдыл, æмæ загъта, ныфс æй кæй ис, цæмæй уый ноджы фылдæр æнцонвадат кæй скæндзæнис дыууæрдыгон æмгуыстады фæарфдæры кæнынæн æндæр æмæ æндæр къабазы, уыдон æхсæн, экономикæйы æмæ инвестициты æрбакæныны цæстæнгасæй дæр.

Министры хæдивæг ма ноджы бузныг загъта Австрийы рдыгæй Гуырдзыстоны европæйаг интеграцийы æмæ территорион æнæхъæндзинады фидарæй æвварсхæцын афтæ, куыд австриаг фарсы рдыгæй саразгæ æххуысы тыххæй.

2015 азы сæрды, Австрийы хицауад райста уынаффæ Тбилисы минæварад байгом кæны¬ны фæдыл.

Гуырдзыстоны Австрийы республикæйы сæрмагонд æмæ æххæстбарадон минæварæй нысангонд æрцыд Арад Бенко.

2016 азы июлы мæйы нымадæй Гуырдзыс¬тоны дипломатон æмбæрзт цыд Азербайджаны Австрийы республикæйы минæварадæй.

Print