Ног хабæрттæ
Йосеб Макрахидзе Хелтубанийы хъæуы цæрджытæ æмæ лигъдæттимæ фембæлд
Разæвзарæнты къампанийы фæлгæтты, «Гуырдзиаг бæллицц-демократон Гуырдзыстон» Гуры горæты мажоритары депутаты кандидат Йосеб Макрахидзе Гуры муниципалитеты Хелтубанийы хъæуы цæрджытимæ æмæ Гуры, Верхыты компактон цæрæнуаты лигъдæттимæ фембæлд.

Мажоритары кандидат æвзарджыты хъæууон хæдзарады, æнæниздзинад хъахъхъæныны, рухсады къабазы цыппаразон планимæ базонгæ кодта æмæ цæрджытимæ иумæ уæвæг проблемæты æрбæстон кæныны уавæртыл æруынаффæ кодта.

«Нæ хицауадæн лигъдон цæрджытæн сæ цæрæнуæттæ, сæ уавæртæ фæхуыздæр кæныны фыццагау приоритетон фарстайæ зайы. Ивгъуыд 4 азы дæргъы, лигъдон бинонтæн социалон пакетты, фатеры мызд, иухаттон æхцайы æххуыс æмæ æндæр, паддзахады рдыгæй 20 милуан ларийæ фылдæр бахардз ис. Йæ фæстæ 4 азы дæргъы лигъдæтты социалон пакеты бюджет ноджы фылдæр масштабон уыдзæнис. Хицауад адарддæр кæндзæн лигъдæтты цæрæнуæттæй сифтонг кæныны эфективон политикæйы», - банысан кодта Макрахидзе лигъдæттимæ фембæлды рæстæджы

Уый ныхасмæ гæсгæйæ, тыхджын зæхкусæг бæстæйы экономикон рæзынады æнæмæнгхъæугæ фактортæй сæ иу у.

«Нæ хицауадырдыгæй ауадзгæ раст агрополитикæйы фæстиуæгæн хъæууон хæдзарады ныридæгæн фæзындзæн тенденцитæ кондады рæзыны, экспортон базарты рауæрæх кæнын æмæ хъæууон хæдзарады секторы инвестициты æркæныны цæстæнгасæй. Чысылзæххджын фермертæн скусдзæнис агрофæдзæхсты проект, нал баззайдзæнис æнæфæдзæхст тыллæг, кæцы цæрджыты ахсджиаг зианæй бахиздзæн. фидаргонд æрцæудзæнис донхорыгы нырыккон системæтæ æмæ 200 мин гектары онг сырæздзæнис донхорыг зæххытæ», - загъта Йосеб Макрахидзе.


Print