Ног хабæрттæ
Премьер-министр Шида-Картлийы ног амалиуджытæ бабæрæг кодта
Гуырдзыстоны премьер-министр Гиоргий Къвирикъашвили Къаспы, бæрзондтехнологион, микробиологион амалиуæг «Джеоферт» бабæрæг кодта, кæцы экологионæй сыгъдæг бактерион, органикон минералон хъацæн цæттæ кæны.

Амалиуæг ифтонггонд у ультра нырыгкон техникæйæ.

Амалиуæг, кæцыйы гуырдзийаг ахуыргондты хайадистæй бындуры сногæй ног технологи уыд арæзт.

Премьер, дыргъы спирты амалиуæг, Карелы муниципалитеты, хъæу Агарайы бакодта. Нырыгкон италиаг техникæйы ифтонггонд амалиуæг, æнæстандартон дыргъ исы, кæцыйæ 86%- он спирт цæттæ кæнынц.

Print