Ног хабæрттæ
Аласания Гуры гуырдзиаг-ирон экономикон фонды тыххæй ныхас кодта
«Сæрибар демократты» лидер æмæ Гуры мажоритары депутаты кандидат Иракли Аласания Гуры горæты Гуры æмæ Картлийы рæзынады планы презентаци ауагъта.

Иракли Аласания гуйрæгты базонгæ кодта рæзынады нысаниуæгджын планимæ. Партийы лидер расидт, цæмæй æдас æмæ хъахъхъæд Гур у хуыздæр фидæны гарант.

Гуры æмæ Картлийы рæзынадæн æнæмæнгхъæугæ у дæргъвæтинæмгъуыдон стабилондзинадмæ тырнын æмæ бахъахъхъæнын. Сабырад æмæ сабырдзинадон бадзырдтæ та, конфликты æрбæстон кæнынæн иунæг раст фæндаг у.

«Æз мæхæдæг мæ хъус æрдардзынæн уымæ, цæмæй сног уа æмахастытæ Цхинвалы регионы цæрджытимæ – æз уыдзынæн уæ минæвар æмæ æрлæудзынæн ацы процессæн раздзогæй. Сæфт æууæнкдзинад хъуамæ сног уа», - загъта Иракли Аласаниа.

Гуры мажоритар депутаты кандидат фембæлдыл ма æрныхас кодта Гуры социалон-экономикон реабилитацийы планыл æмæ бынæттон цæрджытæн конкретон планимæ базонгæ кодта: Гуры регионы а. х. Эргнеты базары фæлтæрддзинадмæ гæсгæйæ ацы идейæйы закъоны фæлгæтты æрæвæрын æмæ скусын; гуырдзиаг-ирон базарадон, коммерцион хъæууон хæдзарадон пректты сфинанс кæныны нысанæй сабырдзинадон экономикон рæзынады фонды скæнын; фонды гуырдзиаг, уырыссаг, Евроцæдисы æмæ æндæр æхсæнадæмон донорты финанстæй иумæйаг бизнеспроектты сфинанс кæнын.
Административон арæнгæрон алы хъæуы хъæугæдзинæдты æххæстмæ гæсгæйæ программон æмхайадисæгæй æмæ ацы суммæты спайда кæнын инфраструктурон, хъæууон-хæдзарадон æмæ социалон проекттыл, уыцы нысанæй цæмæй ма сафтид уой хъæутæ хъуамæ сын скæнæм адæймагон царды уавæртæ; бадзырдты ауадзын фæсарæйнаг бизнементимæ, цæмæй Гуры цæттæгонд цæуа фæсарæйнаг брендты продукци.

«Мах регионы хъуамæ скæнæм стабилон, прогнозон, æдас уавæры, ахæм уавæр уыдзæнис инвестицитæн ноджы фылдæр зæрдæмæдзæугæ æмæ, уымæ гæсгæйæ, Гуры рæзынадæн хардз æрцæудзæнис фылдæр æхца, ам арæзт æрцæудзæн фылдæр куысты бынæттæ; хуыздæр экономикæ æмæ хуыздæр цард гуйрæгтæн æнцонвадат суыдзæн», - загъта Иракли Аласаниа .
Иракли Аласаниа деталонæй æрныхас кодта Гуры туристон рæзынады планы нысаниуæгыл. Гуры мажоритарон депутаты кандидаты курдиатæй хъуамæ раразмæ уа эко, сæны, хосгæнæн æмæ агро туризм.

«Нæ экономикон размæцыд æмæ хуыздæр цард суыдзæн конфликты æрбæстон кæныны æмæ не хсæн æмахастыты сæндидзын кæныны бындур. Мæн уырны, цæмæй мах хъуамæ райдайæм экономикон æмахастытæй æмæ тагъд бахæццæ уыдзыстæм политикон фæрстæты аскъуыддзагмæ дæр», - загъта Иракли Аласаниа.

Фембæлдыл уыдысты гуйрæгтæ æмæ «Сæрибар демократты» æвварсхæцджытæ, кæцыты цымыдис равдыст планы алфæмблайыл бирæ фарста расайдта.

Фембæлд адаргъ ис фарст æмæ дзуаппы форматы мидæг, кæцы фылдæр дырысдзинад райста Иракли Аласанийы равдыстгонд Гуры æмæ Картлийы рæзынады план.
Print