29 аздзыд Цицаги Георгийы дэ-факто Хуссар Ирыстоны милици Арцеуы
хъæуы дыккаг хатт æрцахста.
Ай фæдыл информацийы ирон информацион агентадтæ Цхинвалы милицийы
пресс-службæйы инфомацимæ гæсгæйæ парахат кæны.
Цицаг Георгийы сабаты æрцахстой æмæ æрмæджытæ тæрхондонмæ
адæттой.
Банысанкæнинаг у уый, цæмæй Гуры районы Плауы хъæуы цæрæг Цицаги
Георгийы Цхинвалы хицауады контролгонд уæллаг Арцеуы хъæуы ацы азы
майы дæр ма æрцахстой.
Аххосагмæ гæсгæ, Цицаги Георги еугæф æмæ хъацæнтæ контрабандон
фæндагæй Арцеуæй Плаумæ хаста. Милицийы пресс-службæйы бæрæггæнæнмæ
гæсгæ, Цхинвалы тæрхондон 2016 азы августы æфхæрды хуызы 1 аз æмæ 6
мæйы фæлварæн æмгъуыдæй ратта. Йæхи та йын Гуырдзыстоны хицауадмæ
адæттой.
Йемæ хайадисæг арцеуаг Дыгъуызты Зурабæн та, Цхинвалы тæрхондон
бафидын кодта ивар 1000 уырыссаг рубль .